филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
01 декабря 2022, 11:56
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сарæзтой тактикон ахуыртæ спорты галуан «Манеж»-ы

Таурæгъмæ гæсгæ дарæсæфснайæн агъуысты уыд зынгсирвæзт

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сарæзтой тактикон ахуыртæ спорты галуан «Манеж»-ы. Таурæгъмæ гæсгæ дарæсæфснайæн агъуысты уыд зынгсирвæзт. Кусджыты сæйраг хæс уыд, адæмы бæстыхайæ æдас бынатмæ ракæнын. Сæрмагонд техникæйы фæрцы зынгсирвæзт ахуыссын кодтой. Æдæппæтæй ахуырты архайдта 89 адæймаджы æмæ техникæйы 27 иуæджы. Мадзалы ма архайдтой мидхъуыддæгты министрады æмæ тагъд æххуысы станцæйы кусджытæ, стæй завод «Победит»-ы бархион зынгхуыссынгæнджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania