филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:28 суббота, 31 января 2026
12 ноября 2025, 10:35
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ бакуыстой, хъыгдардбаййафджыты хæхтæй транспортировкæ кæныны зындæр элементтыл

Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, хæххон маршруттæй иуыл турист хъыгдард баййæфта

Æмбырд «Жетон. Спасательный отряд» æххæстгæнгæйæ, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ бакуыстой, хъыгдардбаййафджыты хæхтæй транспортировкæ кæныны зындæр элементтыл. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, хæххон маршруттæй иуыл турист хъыгдард баййæфта. Ирвæзынгæнджыты хъуыд уымæ бахæццæ уæвын, фыццаг æххуыс ын бакæнын, стæй йæ рахæццæ кæнын быдырмæ, цæмæй йæ дохтыртæм радтой. Хæххон уавæрты транспортировкæ домы сæрмагонд зонындзинæдтæ, æмæ хорз спортивон цæттæдзинад, уымæн æмæ фæндагыл æмбæлынц алыхуызон цæлхдуртæ. Æмбырдты рæстæг архайджытæ куыстой æрмæст къæдзæхтыл нæ, фæлæ ихджын уаццæгтыл дæр. Кæронбæттæн фæлварæнтæ æнтыстджынæй чи радта, уыцы ирвæзынгæнджытæ райсдзысты жетон «Спасательный отряд». Уый сын ратдзæн, æппæтæй зындæр маршруттыл ирвæзынгæнæн куыстыты архайыны бар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania