филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:51 суббота, 21 сентября 2024
30 июля 2019, 13:20
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы агурæн-ирвæзынгæнæн отрядыл сæххæст 27 азы

Уыцы мгъуыдмæ йæ уæнгтæ бирæ хæттыты равдыстой сæ профессионалон арæхстдзинад æмæ архайдтой алыхуызон ирвæзынгæнæн операциты

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы агурæн-ирвæзынгæнæн отрядыл сæххæст 27 азы. Уыцы мгъуыдмæ йæ уæнгтæ бирæ хæттыты равдыстой сæ профессионалон арæхстдзинад æмæ архайдтой алыхуызон ирвæзынгæнæн операциты. Уыдонæн æвдисæнтæ фенæн ис агурæн-ирвæзынгæнæн отряды музейы. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Хоранты Андрейæн доны цæуæн сæрмагонд кусæнгрæзты тыххæй йæ бон бирæ цыдæртæ радзурæн у. Уыимæ дзурдзæн бæлвырд æмæ цымыдисæй. Уæвгæ, специалист йæ дæсныйад зæрдæйæ куы уарза, уæд афтæ вæййы. Цæгат Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæн отряды кусæг архайдта алыхуызон операциты. Суанг ма нæ республикæйы æмæ æндæр республикæты дæр архайдта донивылдтыты фæстиуджытæ иуварсгæнæн операциты. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй стыр куыст цæуы сыхаг регионтæн æххуыс кæныны хъуыддаджы.

Браты Таймураз та хæрзæрæджы службæ кæнын райдыдта кинологты хайады. Уæвгæ та йæм ирвæзынгæнæн архайды фæлтæрддзинад ис. Цыппар азмæ архайдта цалдæр ирвæзынæгæнæн операцийы.

Агурæн-ирвæзынгæнæн отряды музейы фенæн ис цымыдисаг дуртæ, дунейы æппæты бæрзонддæр хæхты цъуппытæй. Афтæ ирвæзынгæнджытæ дæр æппынæдзухдæр архайынц сæ профессионалон хæстæ бæрзонд æмвæзадыл æххæст кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania