филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 28 сентября 2024
16 июля 2021, 14:26
Æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг хи куыд дарын хъæуы сывæллæттæн бацамыдтой Уæрæсейы Сырх дзуары волонтертæ

Ахуыртæ цыдысты хъазты хуызы

Æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, æмæ ма уыимæ фыццаг æххуыс бакæныны мадзæлттæ, сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Фидæн»-ы хъомылгæнинæгтæн бацамыдтой Уæрæсейы Сырх дзуары волонтертæ. Ахуыртæ цыдысты хъазты хуызы. Уый фадат дæтты информаци хуыздæр бамбарынæн. Интерактивон фæзты ахуыртæ куыд цыдысты, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Фидæн»-ы хъомылгæнинæгтæ сæ бон райдыдтой ахуыргæнæн фæдисæй. Зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинады управленийы специалисттæ сын радзырдтой, арт хуыссынгæнæнæй куыд раст пайда кæнын хъæуы, æмæ зынгсирвæзты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, уый тыххæй. Фыццаджыдæр – хи ма стæрсын кæнын, хиуыл хæцын, улæфæнтæ уымæл хæцъилæй сæхгæнын. Сырх дзуры специалисттæ бацæттæ кодтой 4 интерактивон фæзы. Фыццаг æххуыс бакæныны мадзæлттæ сывæллæттæн æмбарын кæнынц хъазты хуызы. Цыбыр инструктажы фæстæ Хетæгкаты София райдыдта æххуыс кæнын. Архайы сæрæн æмæ уæндонæй. Тренер ын æмбарын кæны, раздæр уал хъæуы базонын, адæймаг йæхи мбары, æви нæ, уый. Реанимацион мадзæлтты фæстæ хъæуы баулæфын 2 минуты. Стæй уый фæстæ бадзурын æвæстиаты службæйы номыр 112-мæ.

Адæймаджы уæнгтæй исты куы асæтта, сыгъд куы райса, кæнæ йæ фындзæй туг куы фемæхса, уæд хи куыд дарын хъæуы, уый тыххæй радзырдтой фыццаг æххуысы станцæйы. Сырх дзуары волонтертæ бакодтой алцыдæр, цæмæй лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи æцæг уавæртæм хæстæг банкъарой, уый тыххæй.

Уæрæсейы Сырх дзуары волонтертæ ма сывæллæтты сахуыр кодтой, хъыгдардбаййафджыты фыдбылызы бынатæй раст куыд раласын хъæуы, уый. Чызджыты æмæ лæппуты командæтæ рынчынты хастой сæрмагонд тентыл. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ чызджытæ сæхи равдыстой сæрæндæрæй.

Ахуырадон процесс хъазты элементтимæ сывæллæтты зæрдæмæ тынг фæцыд. Куыд загътой, афтæмæй алцыдæр бахъуыды кæндзысты, æмæ кæд искуы ацы зонындзинæдтæ бахъæуой, уæд сæ уæндонæй спайда кæндзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania