28 июня 2024, 11:35
Æнæниз цардыуаг парахат кæнын. Ахæм уыд, Хуымæллæджы цы профилактикон мадзал арæзт æрцыд, уый сæйраг нысан
Акцийы архайдтой хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, ирон адæмы уæлдæр совет «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ, барадхъахъхъæнджытæ æмæ зындгонд спортсментæ. Уыдон скъоладзаутæн радзырдтой æнæниздзинадæн зианхæссæг миниуджыты тыххæй. Фæстæдæр сын равдыстой документалон киноныв тамакойы, наркотикты æмæ карз нозты тыххæй. Акци саразыныл бакуыста хæрзаудæн фонд «Спасательный круг».
темæмæ гæсгæ