27 июня 2024, 11:50
«Æнæниз цардыуагмæ бæлгæйæ» – ахæм сæргондимæ мадзал ацыд æхсæнадон æххуысы штабы
Баст уыди наркотикты æмæ се нæзакъон зилдухы ныхмæ тох кæныны бонимæ. Фембæлды архайджытæ акцийы райдиан арвмæ суагътой урс шартæ, Севастополы æмæ Дагестаны терактты амæттæгты номыл. СПИДы ныхмæ тохы æмæ профилактикæйы республикон центры минæвæрттæ, хæрзаудæн фонд «Спасательный круг», Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академи, стæй зындгонд спортсментæ фæсивæдмæ фæсидтысты, цæмæй æмхиц кæной æнæниз цардыуагмæ, зоной зианхæссæг фæзындтытæ адæймагыл æвзæрырдæм кæй ахадынц, æмæ сæ кæрон иу кæй вæййы, уый. Ацы фембæлд арæзт æрцыди национ политикæйы æддагон бастдзинæдты министрады æмæ адæмты Хæлардзинады Хæдзары хъæппæрисæй.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ