филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:10 суббота, 04 мая 2024
19 октября 2022, 10:39
Æнæниздзинадхъахъхъæнынады дыууæ ног объекты ацы аз сараздзысты Цæгат Ирыстоны

Куыстытæ куыд цæуынц, уый сбæрæг кæнынмæ ацыдысты парти Иугонд Уæрæсейы минæвæрттæ, Дыгуры районы сæргълæууæг æмæ æндæр бæрнон кусджытæ

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады дыууæ ног объекты ацы аз сараздзысты Цæгат Ирыстоны. Хъарман – Сындзыхъæуы фæзындзæн ног амбулатори, Беслæны та – фельдшерон пункт. Хъарман – Сындзыхъæуы амбулатори бонмæ лæггад кæндзæн 60 адæймагæн. Бæстыхай цæттæ уыдзæн ацы аз, декабры. Куыстытæ куыд цæуынц, уый сбæрæг кæнынмæ ацыдысты парти Иугонд Уæрæсейы минæвæрттæ, Дыгуры районы сæргълæууæг æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Семæ уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæмæ гæсгæ Хъарман – Сындзыхъæуы аразынц ног фельдшерон – акушерон пункт. Амбулаторийы æддаг куыстытæ фесты æмæ ныр райдыдтой мидæгæй цалцæггæнæн куыстытæ. Зæрондимæ абаргæйæ у фылдæр адæмæн конд. Иу бонмæ балæггад кæндзæн 60 адæймагæн. Уыдзæн дзы 6 стационары, педиатры æмæ терапевты кабинеттæ, стæй анализты лаборатори. Бæстыхай цæттæ уыдзæн ацы аз, декабры.

«Иугонд Уæрæсе»-йы десант æрцыд, фельдшерон – акушерон пункты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый сбæрæг кæнынмæ. Уыдысты ма дзы Дыгуры районы сæргълæууæг, партийы бынæттон хайады секретарь Цагъаты Сослан æмæ иннæ депутаттæ. Цагъаты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæй разы у.

Фæлæ ног амбулаторийыл иууылдæр нæ цин кæнынц. Хъæуы цæрджытæй иуæй – иуты зæрдæмæ нæ цæуы ног бæстыхайы бынат, уымæн æмæ зæронд уыд хъæуы астæу. Ныр та адæмы хъæудзæн цалдæр километры къахæй цæуын, кæнæ машинæ баххуырсын.

Бынат нæ хынцгæйæ, нырыккон фельдшерон – акушерон пункт у хъæугæ медицинон объект, æмæ ма рæстæджы домæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania