филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:10 среда, 04 июня 2025
14 мая 2025, 10:44
Æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы регионалон программæмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл ныхас цыд хицауады æмбырды

Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй фæстаг азты рынчындæтты æмæ поликлиникæты рацарæзтæн радих кодтой 2 миллиард сомæй фылдæр

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы регионалон программæмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл ныхас цыд хицауады æмбырды. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй фæстаг азты рынчындæтты æмæ поликлиникæты рацарæзтæн радих кодтой 2 миллиард сомæй фылдæр. Уыдонæй сцалцæг кодтой дæсгай медицинон куыстуæттæ. Хицауады æмбырды ма сфидар кодтой, цæрæнуæттæн нысанон субсидитæ чи райсдзæн, уыцы адæмы хыгъд. Фæстаг азты ахæм æххуыс райстой 150 æрыгон специалисты. Ацы аз та, паддзахадон программæйы фæрцы, фатерты хицæуттæ суыдзысты 40 адæймаджы. Ныхас ма цыд базарадон объектты куыстыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania