филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
03 декабря 2020, 13:41
Æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæйы куыст, рынчын адæмы цæстæй

Коронавирус адæмæн дæр æмæ бирæ службæтæн у фæлварæны хуызы зын æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты кусынмæ цæттæ уæвынæн.

Короновирус парахат кæны æппæт дунейыл, уыимæ нæ республикæйы дæр. Абон цæрджытæ æмбарынц æмæ зонынц, низы райдианы адæймаг æууæлтæ æнкъарын куы райдайа, уæд хи куыд дарын хъæуы, уый. Уый иу, фæлæ хицæн ныхасы аккаг у æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæйы куыстыл стыр уаргъ æвæрд кæй ис, уый. Вирусимæ чи сæмбæлд, уыдонимæ аныхас кодта не сфæлдыстадон къорд æмæ ныхасы бар…..

Елена Михайлиди æмæ Роман Кудренко хатгай хæдзары дæр ферох кæнынц маскæтæ айсын. Уынгмæ та æнæ маскæтæй рацæуын дæр тæрсгæ кæнынц. Коронавирус æгъатыр низ кæй у, ууыл нæ дызæрдыг кодтой, куы фæзынди уæд дæр. Ныр та сæхи бахъуыди низимæ тох кæнын. Фыццаг æууæлтæ куы банкъардтой, уæд сæ хъысмæт нæ бæрæг кодтой, фæлæ уайтагъд æххуысагур бадзырдтой дохтырмæ. Низ ацыди рогæй. Бинонтæ сдзæбæх сты. Фæлæ сæ хъуыдыйы баззадысты дæргъвæтин дзæнгæрджытæ комкоммæ линимæ.

Кцойты Дзерассæ инфекцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ йæхи æнкъардта æвзæр уый иу, фæлæ ма мæстджын дæр баци. Чызг æнцонтæй сдзæбæх. Фæлæ уый зæгъæн нæй йæ хойæ. Уымæн хъыгдард баййæфтой йæ рæуджытæ. цасдæр рæстæг йæ тæвд куы нæ хауди, уæд бадзырдтой радхæссæг дохтырмæ. Дохтырты бригад æрбацыди, анализтæ дзы систой, фæлæ бæрæггæнæнтæ афтæ дæр нæ базыдтой.

Дзасохты Анатолий 94 аздзыд мадимæ рынчын уыдысты уæззау хуызы. Анатолий йæхæдæг дохтырæй кусы сывæллæтты поликлиникæйы. Йæхи хъахъхъæдта, йе нæниздзинадмæ йæ цæстд дардта. Фыццаг фæрынчын йæхæдæг, уый фæстæ та йæ бинонтæ. Фыццаг йæхæдæг тох кодта низимæ, фæлæ йæ мады уавæр куы февзæрдæр, уæд æй бахъуыди рынчындонмæ аласын.

Æмæ æцæгæйдæр… Коронавирус адæмæн дæр æмæ бирæ службæтæн у фæлварæны хуызы зын æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты кусынмæ цæттæ уæвынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania