Боны фæткмæ цы фарстатæ рæхастой, уыдон хсæн – 14 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы кары минæвæрттимæ æмбæлгæ профориентацион куыст кæнын
Æнахъом сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фарстатыл ныхас цыди ведомствæты хсæн къамисы æмбырды, разамынд ын лæвæрдта хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ. Боны фæткмæ цы фарстатæ рæхастой, уыдон хсæн – 14 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы кары минæвæрттимæ æмбæлгæ профориентацион куыст кæнын, стæй республикæйы куыст дæттыны службæимæ æмгуыстад кæнын. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй службæйы специалисттæ афæдзы дæргъы ахуыргæнæндæтты фæаразынц сæрмагонд мадзæлттæ. Сæ сæйраг хæс – рæзгæ фæлтæры фæллойы базарадимæ æмæ, ныртæккæ ахадгæ цы дæсныйæдтæ сты, уыдонимæ зонгæ кæнын æмæ сын ахæм хуызы фидæны дæсныйад равзарынмæ баххуыс кæнын. Уымæй уæлдай, районты куыст дæттыны центрты специалисттæ ахадгæ куыст кæнынц, æнахъом сывæллæтты фарстаты фæдыл хыгъды чи лæууы, уыцы фæсивæдимæ дæр. Фадат сын раттынц, рæстæгмæйы куыстыты ныллæууынæн, цæмæй сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ æрвитой, уый тыххæй. Дзуапдæттæг комитетæн Тугъанаты Ларисæ бабар кодта, цæмæй ведомствæ территориалон къамистимæ аразой профилактикон мадзæлттæ. Ахуырады æмæ наукæйы министрадæн радтой хæс, профессионалон ахуырады системæйыл бакусын æмæ йæ царды рауадзын. Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой, социалон æгъдауæй тæссаг къорды чи ис, уыцы æнахъом сывæллæтты бинонты тыххæй информаци иумæйаг бæрæггæнæнты банкмæ бахæссын.




