филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:00 вторник, 16 декабря 2025
09 октября 2025, 10:37
Æнхъæлцау сылгоймæгты боны фæдыл фидæны мадæлтæн раарфæ кодтой Адæмон фронты регионалон хайады

Ацы бæрæгбон нысангонд æрцыд 2 азы размæ

Æнхъæлцау сылгоймæгты боны фæдыл фидæны мадæлтæн раарфæ кодтой Адæмон фронты регионалон хайады æмæ Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы адæмæн социалон лæггæдтæ кæныны комплексон центры минæвæрттæ. Ацы бæрæгбон нысангонд æрцыд 2 азы размæ. Йæ сæйраг нысан у, æнхъæлцау сылгоймæгтæн æххуыс, æмæ ацы хъуыддагмæ лæмбынæг цæст дарын. Æхсæнадон архайджытæ бабæрæг кодтой 2-æм арæндоны патологон хайады чи ис, уыцы сылгоймæгты. Скодтой сын лæвæрттæ, семæ зæрдæбынæй аныхас кодтой. Фидæны мадæлтæ куыд загътой, афтæмæй сын ахæм æрхъуыдыдзинад æхсызгон у. Ацы акци фыццаг хатт арæзт æрцыдис, фæлæ йæ нырæй фæстæмæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania