филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:12 воскресенье, 01 февраля 2026
05 июня 2024, 11:45
«Æнусон хъæбатыртæ»: Ирыстоны арæзт æрцæуынц номарæн мадзæлттæ

Сæ иуæй ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Габеты Уазгерийы рухс ном

«Æнусон хъæбатыртæ». Ахæм проектмæ гæсгæ Ирыстоны арæзт æрцæуынц номарæн мадзæлттæ. Сæ иуæй ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Габеты Уазгерийы рухс ном. Дзæуджыхъæуы национ наукон библиотекæйы йæ 100 азы кадæн конд æрцыд  шахмæттæй республикон турнир. Хуынд æм уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты

Ацы хæрзиуджытæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хицæуттæм. Уыдон  та сты Габеты Уазгерийы номыл шахмæттæй республикон турниры архайджытæ. Зæрдиагæй  æрбамбырд сты Дзæуджыхъæуы национ наукон чиныгдоны. Архайдта дзы аст командæйы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны районтæй.

Ахæм мадзæлтты фæрцы кæстæр фæлтæр хуыздæр кæй хъуыды  кæндзысты Ирыстоны хъæбатыр, кадджын хистæрты нæмттæ, уый кой кодта мадзалы алы архайæг дæр.

16 аздзыдæй Габеты Куыдзийы фырт Уазгери ацыд знаджы ныхмæ тохмæ. Кæд йæ азтæ бирæ нæ уыдысты, уæддæр фыдыбæстæ знагæй бахъахъæнынмæ æвæрæн бахæссыны фæндон та æгæрон кæй уыд, уымæ гæсгæ ма йæ азтыл бафтауын кодта. Афтææй бахæццæ Новороссийскмæ. Уым сæрмагонд зонындзинæдтæ райсгæйæ, сержант Габейы фырт нысангонд æрцыд Хъазаны кавалерийы полчы сгарæг ротæмæ. Уым уæвгæйæ, иу бон хæслæвæрд æххæст кæнынæй æрбаздæхгæйæ сыл фехæлд рæмудзæн. Уазгери æгасæй баззад, фæлæ йæ къах уæззау цæф фæци. Фæлæ уæддæр, сдзæбæх уæвгæйæ, дарддæр  йæ архайд хаста фыдыбæстæ знагæй суæгъд кæнынмæ.

Уазгери йæ хъæбæтырдзинад æмæ лæгдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд бирæ паддзахадон хæрзиуджытæй.Сæ алкæцы дæр дзурæг у йæ ныфсхаст æмæ æнæзивæг уды миниуджытæл.

Афтæ фæзæгъынц – дæ цард адæмы аккаг куы уа, уæд дын дæ ном дæр мысдзысты зæрдиагæй. Афтæ Уазгерийы хæларзæрдæ миниуджытæ абон дæр хъуыды кæнынц, хæсты фæстæ цы куыстуæтты архайдта, уыдоны минæвæрттæ. Хæзныдоны цæрæг Хъозиты Константин, кæд уыцы рæстæг гыцыл лæппу уыд, уæддæр ын йæ сидзæр уд куыд рæвдыдта Уазгери, уый нæ рох кæны.

Габеты Уазгери сарæзта æнгом бинонтæ. Æхсанадон куыстмæ йе вæрæн хæсгæйæ, ардта рæстæг  бинонты иудзинад, лымæн цардæн. Йæ сывæллæттæ систы  адæмæн уарзон, æхсæнадæн пайда минæвæрттæ. Бафæндыд сæ, сæ фыды номыл шахмæттæй турнир саразын, йæ ном ын, уыцы хуызы дæр сæнусон кæнын.

Мадзалы архайджытæй æнæ рхъуыдыйæ ничи баззад. Уазгериый фæдонтæ дзы алкæмæн дæр бацæттæ кодтой кады гæххæттытæ, кубоктæ, æхцайы премитæ. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ амал конд кæй æрцыд проект «Æнусон хъабатырты» фæлгæты. Йæ фæрцы æхсæнадмæ хаст цæуынц 100 азы кæуыл сæххæст, уыцы ветеранты царды хабæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania