Мамсыраты Хадзы-Умар кæддæриддæр зыдта йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын
Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын зыдтой фæсарæнты дæр. Архайдта Испанийы Граждайнаг хæсты. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыцаг бонтæй фæстæмæ та хъахъхъæдта йæ райгуырæн бæстæ. Советон-финаг хæсты уыди сæрмагонд бригады командæгæнæг. Архайдта сæрмагонд нысаниуæг кæмæн уыди, ахæм нырыккон дæлхайæдтæ аразыны мадзæлтты. Мамсыраты Хадзы-Умар, йæ фæсномыг та – «булкъон Ксанти» сси амырыкаг фыссæг Эрнест Хэмингуэйы зындгонд роман «По ком звонит колокол»-ы сæйраг хъайтары прототип. Хъæбатыр сгарæг Хадзы-Умары цымыдисаг хъысмæты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Хиуылхæцт, мадзура æмæ йæ ныхасæн аргъ чи кæны, ахæм адæймаг. Йæ цæстæнгасæй базонæн ис, цы зæгъынмæ хъавы, уый. Уыцы цæстытæ бирæ зындзинæдтæ федтой, æмæ адæймагмæ афтæ кæсы, цыма тæрсгæ дæр ницæмæй кæнынц. Йæ хъæбатырдзинад æвдисын райдыдта йæ сабибонтæй фæстæмæ. Цыма йæ зонгæ кодта, Ирыстонæн аккаг лæгæй байрæзын йæ хæс кæй у, уыйау. Мамсыраты Хадзы-Умар сырх æфсады рæнхъыты æрлæууыд, 15 азы йыл куы цыд, уæд. Уымæн æмæ тырныдта йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ.
Ольгинскæйы хъæуккаг лæппу зонгæ дæр нæ кодта, фидæны йæм цы æнхъæлмæ кæсдзæн, уый. Царды фæндагыл йæ размæ бирæ зындзинæдтæ уыди. Фæлæ йын хъысмæт цы тыхæвзарæнтæ кодта, уыдоны йæхи вдыста æхсарджынæй. Хадзы-Умарæн йæ фæсномыг уыд «булкъон Ксанти». Архайдта Испанийы Граждайнаг хæсты. Уым зындгонд сгарæг ссардта йæ амонд – Паулина Абрамсоны. Æвзонг тæлмацгæнæг булкъон Ксантийæн сси æцæг хъахъхъæнæг зæд. Уымæн æмæ йæ дыууæ хатты фервæзын кодта мæлæтæй.
Испанийы Граждайнаг хæст Хадзы-Умары базонгæ кодта Эрнест Хэмингуэимæ дæр. Амырыкаг фыссæг уыцы фембæлдмæ рагæй æнхъæлмæ каст. Фæлæ, Ксантийы интервью дæттын нæ фæндыд. Уымæн æмæ уыд мадзура, стæй æфсæддон сусæгдзинæдтæ дæр æргом кæнæн нæ уыд. Фæлæ уæддæр Хэмингуэйæн йæ къухы бафтыд булкъон Ксантийымæ фембæлын. Афтæмæй райгуырд роман «По ком звонит колокол». Ксанти сси уацмысы хъайтары прототип.
Инæлар – булкъон цыфæнды бæрнон бынаты куы уыдаид, уæддæр æмдзу кодта йæ æмслужбæгæнджытимæ. Æмæ та радон хатт лæгæй – лæгмæ франкисттимæ куы ныллæууыдысты, уæд Хадзы-Умарæн йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, цæмæй къахдзæф фæстæмæ скæна, уый. Æмæ йæ æмслужбæгæнджытæн сси лæгдзинады дæнцæг.
Кад æмæ йын аргъ кодтой йæ ныхæстæн. Æнæхин æмæ æхсарджын Ксанти ныр дæр у лæгдзинады æмæ уæлахизы символ. Æфсæддон уацхæссæг Мамсыраты Георгийæн уыцы ном сси талисман. Хистæртæй бар райсгæйæ, Георгий йæ фæсномыгæй йæхи схуыдта «Ксанти».
Советон Цæдисы хъайтар æмæ æфсæддон сгæрстыты легендæ. Мамсыраты Хадзы-Умар кæддæриддæр зыдта йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ йын – иу бабар кодтой æппæтæй зындæр бынæттæ. Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын уыд йæ царды сæйраг хæс. Фæстæмæ къахдзæф никуы кодта æмæ тырныдта уæлахизмæ. Йæ хъæбатырдзинад рох нæу. Æмæ ахæм адæмы нæмттæ кæддæриддæр цæрдзысты нæ зæрдæты.




