филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
12 августа 2020, 18:13
Æнусы рдæгæй фылдæр Цыколайы дыккæгæм скъолайы коллектив æнхъæлмæ касти, ацы бон сæ цæстытæй цы уынынц, уымæ

Æнусы рдæгæй фылдæр Цыколайы дыккæгæм скъолайы коллектив æнхъæлмæ касти, ацы бон сæ цæстытæй цы уынынц, уымæ. Бындурон цалцæггонд цæуы сæ ахуыргæнæндон. Районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омаримæ аивгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый федта Сосранты Жаннæ дæр. Бакæсæм ын йæ афæлгæстмæ. 

Цыколайы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омарæн ацы скъола йæ зæрдæмæ хæстæг у. Йæ зонындзинæдты фыццаг хызын ам  райста æмæ  иннæты æмрæнхъ цин кæны йæ цалцæгыл.

Ныры онг ивд æрцыд скъолайæн йæ сæр, йæ рудзгутæ, инженерон коммуникацитæ. Дарддæр  та ма кусынц асинтæ, пъолтæ æма къултæ æмбæлгæ уагыл бацалцæг кæныныл.

Скъолайы фæзуатыл афæлгæсгæйæ , зæрдæйæн æхцондзинад хæссы ахæм  змæлд дзы кæй ис, уый. Алы кусæг дæр зоны йæ куыст, æмæ йæ мбары цавæр хæслæвæрд ыл ис, уый. Фылдæр дзы сæхи хъæуккæгтæ кæй кусы, уый та уырнын  кæнын ууыл, æмæ сæм кæй хъары, ам ахæм цалцæг скæныны фадат тагъд рæстæджы кæй нал уыдзæн, æмæ хæрзхъæд куыст кæнын кæй хъæуы, ууыл.

Æрæфы районы Цыколайы дыккаг скъола алкæддæр нымад уыд  хуздæртæй иуыл. Æнусы рдæгмæ дзы районы æмвæзады  бирæ алыхуызон мадзæлттæ арæзт æрцыд. Дарддæр дæр, йæ директор æмæ ахуыргæнджытæй уырны, сæ гæнæнтæ кæй фæфылдæр уыдзысты.

Скъола хъæздыг у йæ историйæ. Ардыгæй стыр фæндагмæ цы æрыгон фæсивæд рацыд, уыдон пайда хæссынц æхснадæн Дунейы, Уæрæсейы, республикæйы аллы къабæзты.

Цард цæуы, æмæ фарн хæссы. Уыцы хъуыдыйыл баууæндыдысты  Цыколайы скъолайы  коллектив æмæ ахуырдзаутæ. Æмæ  хуымæтæджы кæй нæ, уый та сæхиуыл банкъардзысты рæхджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania