филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 воскресенье, 01 февраля 2026
03 августа 2022, 10:12
Æнусы сæрты акасгæйæ

Газет «Северная Осетия» йæ 105 юбилей кæй бæрæг кæны, уый дзуры ууыл, æмæ адæмы хсæн ахады абон дæр

Æнусы сæрты акасгæйæ. «Коммунист», «Горская правда», «Власть труда», «Пролетарий Осетии», «Социалистическая Осетия» стæй уæд «Северная Осетия». Æппæт ацы нæмттæ алы рæстæджыты хаста Цæгат Ирыстоны æрвылбоны информацион-аналитикон газет. Мыхуыры цæуын райдыдта 1917-æм азы. Уæд рухс федта революцион газет «Красное знамя». Йæ рæстæджы редакцийы куыстой революционер Сергей Киров, фыссæг Михаил Булгаков æмæ ма ирон литературæйы классиктæ. Ныртæккæ газет исынц куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ районты, Цæгат Кавказы регионты, стæй ма Уæрæсейы цалдæр горæты дæр. Редакци бабæрæг кодта нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Сæйрагдæр хæс – газет кæсæджы зæрдæмæ фæцæуын. Гогаты Нателлæ уацхæссæджы фæндагыл раджы æрлæууыд. 2011 азы йæ æрбахуыдтой газет «Северная Осетия»-мæ. Журналистикæйы сусæгдзинæдтæ дæр ын ам раргом сты. Кæд ныр ралæууыд информацион технологиты рæстæг, уæддæр газетæн ис стыр ахадындзинад.

Гогаты Нателлæ, газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редакторы хæдивæг: «Фыццаджыдæр мах фæнды, цæмæй нæ газетты уа, газетксджытæн сæ зæрдæтæ цæмæй риссынц, уыцы фарстатæ æргом кæнæм. Фæнды нæ, цæмæй адæймаг ног номыр куы райса, уæд дзы фена æмæ базона, нæ республикæ цæмæй цæры, уый. Арæх цæттæ кæнæм нæ республикæйы хуыздæр адæмты тыххæй очерктæ. Уыдон сты нæс æр бæрзонд кæмæй хæссæм, уыцы спортсментæ, культурæйы кусджытæ, политиктæ æмæ афтæ дарддæр. Арæх нæм вæййы аналитикон материалтæ дæр».

Республикæйы зындгонд газет «Северная Осетия» бæрæг кæны йæ 105 азы юбилей. Уыцы рæстæгмæ кæд йæ сæргонд бирæ хæттыты аивта, уæддæр йæ мидис у иу – адæмæн ахсджиагдæр цы фарстатæ сты, уыдоныл дзурын. Йæ тираж у 9 мин экземпляры онг.

Гуыбыраты Зæлинæ, уацхæссæг: «Алы бон нæм нæ газеткæсджытæ æрбадзуынц æмæ арфæйы ныхæстæ ракæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн уый æхсызгон вæййы. Нæ коллективцы традицитæ хæлд никуы уыдысты. Кæддæриддæр кæстæр хистæрæн лæггад кодта».

Газет алы бон кæй цæуы, уый тыххæй уацхæсджытæ зæрдиагæй кусынц, цæмæй йæ кæсæгæн алыхуызон æмæ цымыдисаг темæтæ уа, уый тыххæй. Уæлдай æхсызгон та уæд вæййы, адæм арфæйы ныхæстимæ редакцимæ куы рбадзурынц, уæд. Афтæмæй куыст дæр фенцондæр вæййы, – зæгъынц мыхуыры фæрæзы кусджытæ..

Газет «Северная Осетия» йæ 105 юбилей кæй бæрæг кæны, уый дзуры ууыл, æмæ адæмы хсæн ахады абон дæр. Кæсынц æй куыд хицауад, афтæ хуымæтæг адæм дæр. Æппæтвæрсыг темæтыл дæр уый тыххæй дзуры. Фидæнмæ снысан кодтой ног рубрикæтæ бакæнын. Зæрдæ дарынц, йæ 150 юбилей дæр кæй бæрæг кæндзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania