Уæллаг Бирæгъзæнджы цалдæр мæйы дæргъы сылгоймæгтæ бийынц цъындатæ
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ баззад къуырийæ къаддæр. Æппæт бæстæйы дæр лæвæрттæ цæттæ кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн, уыдонимæ – Цæгат Ирыстон дæр. Уæллаг Бирæгъзæнджы цалдæр мæйы дæргъы сылгоймæгтæ бийынц цъындатæ. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Хистæр фæлтæр» æмæ хæрзаудæн акци «Тепло для героя» æххæстгæнгæйæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ æрвитынц гуманитарон æххуыс. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Уæллаг Бирæгъзæнджы хъæуы администрацийы бæстыхайы алы бон дæр цæуы архайд. Ам хæстонтæн бийынц цъындатæ. Йе *вæрæн чи хæссы, уыдоны *хсæн – Гæбуты Любовь. Сфæнд кодта йе *мхъæуккæгтимæ æфсæддонтæн баххуыс кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иуварсæй кæсын йæ бон нæ уыд. Цъындатæ бийы цалдæр азы, йæ уды хъарм дзы бавæры, афтæмæй. Фæнды йæ хæстонты æрмæст цъындатæй сбуц кæнын нæ, нæ фæлæ зæрдиаг ахастæй. Бархионты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм чысыл æххуысæн дæр ис стыр ахадындзинад йæ хæдзарæй дард чи у, уыдонæн.
Бархионты къорд ныридæгæн сбыдта дæсгай цъындайы. Хъæугæ æрмæг сын æрбахастой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ. Хъарм дзаумæттæ æмбырд кæнынц партион проект «Хистæр фæлтæр» æмæ хæрзаудæн акци «Тепло для героя» æххæстгæнгæйæ. Парламенты депутат Цæгæраты Руслан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æфсæддонтæн æххуыс у ахсджиаг хъуыддаг. Ахæм хъæппæристæ *вдисынц æхсæнады иудзинад, æмæ адæмы зæрдиаг архайд æфсæддонтæн куыд æххуыс у, уый.
Республикæйы алы районты æмбырд кæнынц гуманитарон уаргъ – фыццаг æххуысы предметтæ, хъарм дзаумæттæ æмæ фыстæджытæ ныфсы ныхæстимæ. Тагъд рæстæг æй бахæццæ кæндзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Ацы хатт æй æмбырд кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн.




