14 января 2020, 12:05
Æппæт дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты минæвæрттæ та ногæй æрæмбырд уыдзысты Красноярскы крайы
Стыр турниры Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты 30 хъæбысæйхæцæджы
Æппæт дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты минæвæрттæ та ногæй æрæмбырд уыдзысты Красноярскы крайы. Ахадгæ æппæтадæмон турнир «Иван Ярыгин» арæзт æрцæудзæн 31-æм хатт. Фæсарæйнаг æмæ уæрæсейаг атлеттæ майдантыл тох кæндзысты 23-æй 26-æм январы онг. Стыр турниры Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты 30 хъæбысæйхæцæджы. Се хсæн – Рæмонаты Сослан, Байаты Давид, Уалыты Чермен, Сидахъаты Зауырбег, Цæболты Хетæг, Найфонты Артур, Хуыбежты Кахабер, Уалыты Радик æмæ æндæр курдиатджын спортсментæ. Ацы азы ерыстæ сын сты тынг ахадгæ, уымын æмæ сæрды Токиойы ацæудзысты Олимпаг хъæзтытæ, сæ программæйы ис спортивон хъæбысхæст дæр. Ярыгины турнир уыдзæни æвзарæн къæпхæны хуызы.
темæмæ гæсгæ




