филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:50 вторник, 03 ноября 2026
28 января 2021, 11:26
Æппæт фарстатæн дзуапп ратдзæн хъæлæсæй æххуысгæнæг «Зæлинæ»

Йемæ аныхас кæнæн ис, телефоны номыр 112-мæ бадзургæйæ

Æппæт фарстатæн дзуапп ратдзæн «Зæлинæ». Хъæлæсæй æххуысгæнæг кусы иумæйаг колл-центры. Йемæ аныхас кæнæн ис, телефоны номыр 112-мæ бадзургæйæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Зæлинæ Уæрæсейы нымæцон дунейы нымад æрцыд хуыздæр фæрæзтæй иуыл. Пандемияйы рæстæг технологитæ куыд кусынц. Кусгæ боны райдиан чысыл æмбырд.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады комкоммæ телефон, ног коронавирусы  инфекци парахат кæнын ма бауадзыны тыххæй республикæйы территорийы кусын райдыдта мартъийы астæу. Дзæнгæрджытæ йæм цæуынц æхсæвæй-бонæй. Фарстатæ вæййынц алыхуызон, фæлæ сæ алкæмæн дæр хъуамæ лæвæрд æрцæуа дзуапп.

Коммуникацион фæз байгом республикон СПИД-центры бындурыл. Йæ специалисттæм ахæм фæлтæрддзинад ныридæгæн ис. Уыимæ ма командæ дæр у цымыдисаг. Хаст æм æрцыдысты алы хуызы дохтыртæ: инфекционист, эпидемиолог, терапевт, психолог æмæ социалон кусæг.

Комкоммæ телефонмæ дзæнгæрджытæ чысыл нæ вæййынц. Хатгай иу бонмæ æрбадзуры 350 адæймаджы. Ацы хатт та уыдысты сæдæйы онг. Уыцы-иу рæстæг кусынц 10 операторы. Ныртæккæ та ма сæм æххуысмæ æрбацыд «Зæлинæ». Афтæмæй иумæйаг линийы кусын райдыдта аразгæ интеллект. Уый æппæт оператортæн дæр сæ бон дзæнæгæрæгæн дзуапп раттын куы нæ вæййы, уæд сын æххуысмæ æрбацæуы хъæлæсæй æххуысгæнæг Зæлинæ. Ис ын бирæ гæнæнтæ. Нымæцон хуызмæ раивыны проектыл алы бон дæр куыст цæуы. Фидæны йæ фæрцы фæнд кæнынц канд информацион хæстæ æххæст кæнын нæ, фæлæ ма дæхи дохтырмæ ныффыссын дæр.

Бакуыстой Зæлинæйы сурæтыл дæр. Ацы хъуыддагмæ йе вæрæн бахаста профессионалон нывгæнæг, дизайнер Къизилты Еленæ. Куыд радзырдта, афтæмæй йын конкурсы бацархайыны тыххæй куы радзырдтой, уæд скодта цалдæр варианты. Æмæ уæд рахастой кæронбæттæн уынаффæ. 

Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй удæгас операторы æххуыс ницæмæй баивдзынæ, уымæн æмæ ма бакæнынц психологон æххуыс дæр. Фæлæ «Зæлинæ»-йы гæнæнтæ дæр сты хъæугæ æмæ ахадгæ. Йæ бон у хъæлæстæ æвзарын, уыимæ бастдзинадæн лæмæгъ сигнал куы уа, уæддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania