филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:23 суббота, 28 сентября 2024
15 июня 2020, 16:29
Æппæт хъæугæ медицинон дзаумæттæ радон хатт æрвыст цæуынц, йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм адæймагмæ

Бахæццæ йæм сæ кæндзысты инвалид адæмæн æххуыс кæныны центр «Сам»-ы бархионтæ

Иумæйаг æххуыс. Сывæллæтты æнæниздзинад фидаргæнæн центры æххæст кæнынц проект. Йе вæрæн æм хæссы алы адæймаг дæр. Бæлвырддæр та – йæ хæдзары æнæхъæугæ медицинон техникон фæрæз кæмæн ис, уыдон.  Проект ма хорз у уымæй дæр, æмæ стыр æхцайы фæрæзтæ нæ домы. Æрмæстдæр адæмы узæлд кæрæдзиуыл.

Æппæт хъæугæ медицинон дзаумæттæ радон хатт æрвыст цæуынц, йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм адæймагмæ. Бахæццæ йæм сæ кæндзысты инвалид адæмæн æххуыс кæныны центр «Сам»-ы бархионтæ. Гуæздæрты Тимуры хъæппæрисæй арæзт проект 2 азы дæргъы кусы æнæниздзинад фидаргæнæн центр «Хæххон уæлдæф»-ы бындурыл. Ацы проект 2 хатты рахаста Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-мæ. Йæ фæрцы  бархионтæ техникон фæрæзтæй баххуыс кодтой 300 адæймагæй фылдæрæн.

Хъуысаты Амырхан ма бафиппайдта, ацы проект хорз кæй у уымæй дæр, æмæ дзы хцайы фæрæзтæ хардз кæнын нæ хъæуы. Хъæугæ медицинон техникæ иу къухтæй иннæмæ лæвæрд цæуы лæвар, фæлæ сæ чи пайда кæны, уыдоны куы нал хъæуа, уæд æй хъуамæ æнæмæнг фæстæмæ раздахой. Центрæн та æххуыс кæнынц бархионтæ.

Коляскæ æмæ бирæвæрсыг сынтæг æрвыст æрцыдысты Æрыдоны Пухаты бинонтæм. Экæ дыууæ азы у хуысгæ рынчын, бархионты æххуысы тыххæй базыдта социалон хызæгтæй.

Ныртæккæ центры разамонджытæ кусынц проект Цæгат Кавказы апарахат кæныныл. Ныронг сæ бафæзмыдтой Абхазийы. Цæгат Ирыстоны та ацы центры æххуыс кæй хъæуы, уыдон хъуамæ бадзурой ахæм телефоны номырмæ – 8-988-833-00-70.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania