филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:28 суббота, 31 января 2026
01 апреля 2022, 12:26
Æппæтадæмон  æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас» Цæгат Ирыстоны рагæй кусы

Фæлæ абон йæ архайд у уæлдай хъæугæ.

Æппæтадæмон  æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас» Цæгат Ирыстоны рагæй кусы. Фæлæ абон йæ архайд у уæлдай хъæугæ. Республикæйы районты хайæдтæ архайынц алы ран дæр ирондзинад æмæ адæмуарзондзинад  парахат кæныныл. Хатдзæгтæ скæнынæн, абоны уавæрыл æмæ фидæны фæндтыл æрдзурыны нысанимæ радон хатт, æрбамбырд сты Æрæфы районы «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ дæр. Хъæуты минæвæрттæй уæлдай дзы архайдтой йæ сæргълæууæг Хуасдзауты Тазрет, районы сæрдар  Гъуцъунаты Хъазыбег, стæй фæсивæды минæвæрттæ. Æмбырды архайджытæ байхъуыстой сæ кæрæдзийы хъуыдытæм. Сарæзтой сæ фидæны куыстæн пълан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania