филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:29 воскресенье, 01 февраля 2026
26 января 2023, 12:00
Æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы арæзтадон куыстытæй 90% æххæстгонд æрцыдысты

Бæстыхай цæттæ уыдзæн ацы аз, апрелы

Æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы арæзтадон куыстытæй 90% æххæстгонд æрцыдысты. Бæстыхай цæттæ уыдзæн ацы аз, апрелы. Мемориалы арæзтадон куыстытæ кæны реставрацион – арæзтадон компани. Æрмæстдæр ма хъæуы скъолайы территори саив кæнын. Проектмæ гæсгæ специалисттæ бæстыхайæн скодтой реставраци, фæлæ йын йæ къултæ нæ аивтой, цæмæй 2004-æм азы æвирхъау цаутæ рох ма уой, уый тыххæй. Фарон базылдысты скъолайы сæрмæ, сæвæрдтой дзы хъармгæнæн фæрæзтæ, стæй сног кодтой электрон тыхы æмæ вентиляцийы системæтæ. Тагъд рæстæджы ма сæвæрдзысты лифт æмæ кæрты рухсытæ. Центры арæзтадон сæйрагдæр хæйттæй иу у Беслæны æвирхъау цауы номыл цы экспозицитæ ис, уыдон равдисын. Фæнд кæнынц нырыккон музейон технологитæй архайын. Уымæй уæлдай ма бæстыхайы радих кæндзысты бынат, конференцитæн æмæ рæстæгмæ тематикон экспозицитæн. Уыцы фарстайыл кусынц РЦИ-А-йы культурæйы министрад æмæ «Беслæны мадæлты» комитет. Æппæтадæмон культурон – патриотон центр скæныны хъæппæрис фæзынд, Бæслæны 1-æм скъолайы 2004-æм азы цау цæмæй рох ма уа, уый тыххæй. Мемориал цæмæй сцалцæг кæной, уый тыххæй 2021-æм азы баныхас кодтой РЦИ-А-йы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ УФ-йы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Уыцы аз, августы федералон центр рахай кодта фæрæзты рдæг. Куыстыты иумæйаг аргъ уыд 200 милуан сомæй фылдæр. Центры арæзтадон куыстытæм цæстдард цæуы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы рдыгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania