филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
14 мая 2021, 11:51
Æппæтадæмон организацийы минæвæрттæ ахуырадон семинар скодтой республикæйы æрыгон амалхъом адæмæн

Дæсныйадæвдисæг ахуырты уазæг уыди америкаг дирижер Арман Тигранян

Æппæтадæмон организацийы минæвæрттæ ахуырадон семинар скодтой республикæйы æрыгон амалхъом адæмæн. Дæсныйадæвдисæг ахуырты уазæг уыди америкаг дирижер Арман Тигранян. Семинары рæстæг ныхас цыди аивадимæ баст бизнесы рæзтыл. Сæйрагдæр уыди, амалхъомдзинады ацы хуызæн нæ республикæйы цы гæнæнтæ ис, уый равзарын. Фембæлд арæзт æрцыди бизнес-акселератор «Алани»-йы хъæппæрисæй. Йæ минæвæрттæ куыд загътой, афтæмæй семинармæ æрбацæуын кæй фæндыд, ахæм адæм уыди бирæ. Æвзæрстой сæ сæ бизнесы спецификæмæ гæсгæ, бæлвырддæр та сын ацы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ сæ бизнесы рæзтæн исты фæпайда уыдзысты, æви нæ, уымæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania