Дзæуджыхъæуы культурæйы управленийы разамонæг Мæрзойты Руслан, бынæттон администрацийы сæргълæууæджы номæй, уазджытæн радта арфæйы фыстæджытæ
Æппæтадæмон проект «Чайковский – музыка без виз» æххæст кæнгæйæ, Дзæуджыхъæуы Чайковскийы номыл 1-æгæм музыкалон скъолайы арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Проект саразыныл бакуыста æппæтадæмон хæрзаудæн фонд. Музыкалон скъолайы ахуырдзаутæн дæсныйадæвдисæг ахуыртæ скодтой Мæскуыйы консерваторийы æмæ музыкæйы æппæтадæмон академийы доценттæ Федор æмæ Мария Белугинтæ, Галина Вишневскаяйы оперон зарæджы центры солист Юрий Кобяшов æмæ мæскуыйаг консерваторийы кафедрæйы доцент Кирилл Кашунин. Кæронбæттæны дæсныйадæвдисæг ахуырты разамонджытæ бацæттæ кодтой иумæйаг концерт. Дзæуджыхъæуы культурæйы управленийы разамонæг Мæрзойты Руслан, бынæттон администрацийы сæргълæууæджы номæй, уазджытæн радта арфæйы фыстæджытæ.




