Дзæуджыхъæуы æппæтæй тæссагдæр бынæттæ сты Черменыхъæумæ фæзилæны, Тельмæны æмæ Мичурины, Нартовскийы, Керменистты, Пожарскийы уынгты, Карцамæ фæндагыл æмæ поселок Южныйы
Æппæтæй тынгдæр аллерген – амбрози зындзинæдтæ бирæтæн æййафын кæны. Дзæуджыхъæуы æппæтæй тæссагдæр бынæттæ сты Черменыхъæумæ фæзилæны, Тельмæны æмæ Мичурины, Нартовскийы, Керменистты, Пожарскийы уынгты, Карцамæ фæндагыл æмæ поселок Южныйы. Куыд тох кæнынц, ацы зианхæссæг зайæгоимæ, уы базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Фидараты Маринæ бæлвырддæр.
Ацы сезонмæ йæ ныккарстой æртæ хатты, зæгъы Дзотты Ацæмæз. Зианхæссæг кæрдæг фæстæмæ тынг тагъд сзайы. Сæйрагдæр у, цалынмæ дидинæг калын нæ райдайа, уæдмæ йæ скуынæг кæнын. Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы префектурæ фыццæгтæй иу рацыди амбрози кæрдынмæ.
Амбрози нæ республикæйы тынг парахатæй зайы. Ацы фæз иунæг нæу. Уæвгæ Рахизфарсы районы бирæ рæтты фæзыны. Зианхæссæг кæрдæг дидинæг калы æртæ хатты – февралы кæронæй мартъийы онг, дыккаг хатт – майы кæронæй – июньмæ, стæй июлы кæронæй – сентябры онг. Уый тынг зындзинæдтæ æййафын кæны, аллергийæ чи хъæрзы, уыдонæн. Уымæн æмæ йæ рыджы муртæ цалдæр километры дарддæр парахат кæнынц.
Дохтыр-аллерголог Тезиаты Зæлинæ куыд радзырдта, афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ аллергийы тыхсын райадйынц бирæ фылдæр адæм.
Дохтыртæ зæгъынц, сæйрагдæр у аллерги уæззау хуызмæ, ома астматикон уавæрмæбахæццæ уæвынмæ не руадзын. Уымæн хорз фæрæз у буары цъарæн тестытæ кæнын. Сæрмагонд кусæнгарзæй рынчынæн йæ къухыл скæнынц хæфтытæ, æмæ йын бахæссынц аллергенты хуызтæ. Уый фæстæ та сын уыцы аллергентимæ скæнынц уколтæ. Афтæмæй дыууæ азмæ хъæуы дзæбæхгæнæн курс скæнын, æмæ уæд низ ферох вæййы, зæгъынц медицинон кусджытæ. Иннæ аз амбрози куынæг кæнынмæ бавналдзысты бындуронæй. Æппæтæй экологондæр хуызтæй иу у – зайæгой йæ бындзарæй фесафын. Уымæ гæсгæ 2020-æм азмæ Цæгат Ирыстоны фæнд кæнынц сæрмагондæй уый тыххæй фæрæзтæ радих кæнын.




