филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:19 суббота, 28 сентября 2024
21 октября 2021, 11:54
Æппæтуæрæсеон адæмон фронт расидт проект «Про нее», се нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сывæллæттæм чи кæсы, уыцы сылгоймæгтæн æххуысы нысанимæ

Кæд æмæ сыл царды уæззау уаргъ æвæрд ис, уæддæр сæ тыхтæ нæ сæттынц, фæлæ ма кæнынц фидардæр

Æвидигæ хъайтардзинад. Æппæтуæрæсеон адæмон фронт расидт проект,  се нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сывæллæттæм чи кæсы, уыцы сылгоймæгтæн æххуысы нысанимæ. Проекты сæргонд  – «Про нее». Æмæ хуымæтæджы нæ. Дзурæг у, æрвылбон йæ тыхтæ æмæ уарзондзинад, йе ххуысы хай йæ сабийæн æнæвгъауæй чи лæвар кæны, йæ хъуыдытæ æмæ фæндонтæ йын чи æххæст кæны, ахæм ныййарджыты сгуыхтдзинадыл. Кæд æмæ сыл царды уæззау уаргъ æвæрд ис, уæддæр сæ тыхтæ нæ сæттынц, фæлæ ма кæнынц фидардæр.

Сальерийы монолог кæсы Нартыхъты Сæрмæт. Зæрдæрайгæйæ йæм хъусынц йæ мад æмæ кæстæр æфсымæр. Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы студент цæттæ кæны ахуыртæм.

 Фæлæ афтæ алкæд нæ уыдис. Хатунæ бирæ азты тох кодта йæ фырты цард æмæ æнæниздзинадыл. Сæрмæт рынчын кæй у, уый сбæрæг ис йæ райгуырды фæстæ. Афæдзы фæстæ йын сæвæрдтой тæссаг диагноз. Лæппумæ æнхъæлмæ кастысты рынчындæттæ, операцитæ, уæззау реабилитаци.

Цыхуырбаты Хатунæ у бирæсывæллонджын мад. Йæ хистæр Хетæг ахуыр кæны социалон кусæгыл, Сæрмæт исы актеры дæсныйад, Инал та фыццæгæм къласмæ цæуы. Алкæмæн дæр рæстæг хъæуы, алкæй дæр хъуамæ хицæнæй барæвдауай. Хатунæйæн йæ куыст дæр адæмимæ баст у. Уым дæр æй хъæуы рынчынтыл аудын æмæ сæм цæст дарын.

Скальпель хорз фидауы хирургы къухты. Дохтыр æнцонæй æмбырд кæны æмæ сæ бынæтты æвæры, фæндаггон фыдбылызы чи бахауд, уыцы рынчыны сджытæ. Цхуырбаты Хатунæ иуæндæс азы кусы операцион медицинон хойæ травматологийы. Йæ куыст уарзы уымæн æмæ йæ зæрдæйæ равзæрста.

Травматологийы куыст се нцонтæй нæу. Æрвылбон уыныс цæфты, уæззау рынчынты, адæмы рисс æмæ хъыг. Фæлæ Хатунæ йæ куыст уарзы æмæ зоны. Адæймагæн тæригъæд кæнын ын амонын нæ хъæуы.

Хатунæ кæд медицинæ равзæрста, уæд Хетæг та йæхи актеры дæсныдзинадæн снысан кодта. Йæ бæллиц райгуырд реабилитацион центр Радугæйы инклюзивон театр «Радугæйы» фæрцы

Йæ фырты хатдзæгимæ Хатунæ сразы ис. Йæ цот æнæниз æмæ амондджын куы уаиккой æмæ ацы царды сæ бынат куы ссариккой. Уæдæ сын Хатунæ та цырагъдарау, уырдыг лæудзæнис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania