Районы центры нысан кодтой 44 машинæты фæндагмæ базилын, фæлæ уый бæсты сцалцæг кодтой 50 фæндаджы.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперттæ æркастысты æмæ аргъ скодтой Мæздæджы фæндæгты цалцæгæн. Районы центры нысан кодтой 44 машинæты фæндагмæ базилын, фæлæ уый бæсты сцалцæг кодтой 50 фæндаджы. Эксперттæ фылдæр æргом здæхтой трассæты уæрхмæ, люктæм, бырутæм æмæ къахвæндæгтæм. Куыстыты хæрзхъæддзинадæй рейды архайджытæ баззадысты разыйæ, аныхас кодтой адæмимæ, байхъуыстой аиппытæм, æмæ лыггæнинаг фарстатæ æнæрлæугæйæ бахæццæ кодтой районы разамындмæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æппæт лыггæнинаг фарстатæ дæр афæдзы кæронмæ уыдзысты лыггонд. Зæгъын хъæуы уый, æмæ цалынмæ Мæздæджы фæндæгтæ цалцæггонд цыдысты, уæдмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ объекттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бабæрæг кодтой. Ныридæгæн бæрæггонд куыд у, афтæмæй иннæ азæн республикæйы бюджетæй фæндæгты арæзтадæн дихгонд æрцæудзæни 120 милуан сомы.




