10 марта 2020, 13:07
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæдон командæйы уæнгтæ дæр рацыдысты сылгоймæгтæн тюлбпантæ балæвар кæнынмæ
Æрыгон адæм рацыдысты Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгтæм, урæдтой чызджыты æмæ хистæр кары сылгоймæгты, сæ мидбылхудтимæ сын лæвар кодтой уалдзæджы æмæ 8-æм мартъийы бæрæгбоны фидауц
8-æм мартъийы бæрæгбоны ма Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæдон командæйы уæнгтæ дæр рацыдысты сылгоймæгтæн тюльпантæ балæвар кæнынмæ. Урсытæ, сырхытæ, буртæ æмæ цы нæ хуызы уыдысты ацы бонты? Æрыгон адæм рацыдысты Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгтæм, урæдтой чызджыты æмæ хистæр кары сылгоймæгты, сæ мидбылхудтимæ сын лæвар кодтой уалдзæджы æмæ 8-æм мартъийы бæрæгбоны фидауц. Уымæй дарддæр сын ракодтой зæрдиаг арфæтæ, æмæ ма се ппæты зæрдыл æрлæууын кодтой – сылгоймаг кæй у цардарæзæг æмæ амондджын бинонты бындур.