филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 суббота, 28 сентября 2024
22 декабря 2021, 12:48
Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас» æххæст кæны сабиты ахсджиагдæр бæллицтæ

Ныр 4 азы дæргъы æхсызгон лæвæрттæ райсынц сидзæр, фæкæсынхъуаг бинонтæй, стæй йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ

Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас» æххæст кæны сабиты ахсджиагдæр бæллицтæ. Ныр 4 азы дæргъы æхсызгон лæвæрттæ райсынц сидзæр, фæкæсынхъуаг бинонтæй, стæй йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ. Ацы аз нæ республикæйæ Митын Дадамæ сæ бæллицтимæ фыстæджытæ ныффыстой 600 лæппуйы æмæ чызджы. Писмотæн се рдæг æрцауыгътой Цæгат Ирыстоны Хицауады Хæдзары, Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ районты администрациты. Акцийы бацархайдзæн республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Уæвгæ та диссæгтæ аразаджы сурæт йæхиуыл сбарыны фадат ис алкæмæн дæр. Уый тыххæй хъæуы акцийы сæрмагонд сайтмæ бацæуын. Бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Илюшæ уарзы æмдзæвгæтæ аив кæсын стæй алы æвзæгтæ ахуыр кæнын. Цымыдисæй дзуры йе нтыстдзинæдты тыххæй скъолайы.  Ног азы бæрæгбонмæ æнхъæлмæ касти самокатмæ. Ирд, кæрдæгхуыз æмæ аив тыхтоны. Иу дзырдæй, сывæллоны бæллицты куыддæриддæр вæййы, афтæ.

Галина Владиславовна дæр диисæгтыл æууæнды. Йæ сæйраг лæвар дæр райста ног азы къæсæрыл. 8 азы размæ йæ хæдзары айхъуыст, рагæй кæмæ бæллыд, уыцы сывæллоны кæуын.  Галина хъомыл кæнынмæ райста 5 мæйыдзыд лæппуйы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй Илюшæйы развæрста зæрдæйæ.

Ног азмæ ма баззад нымад бонтæ. Фæлæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ диссæгтæй. Уыдон та ныридæгæн дæр цæуынц. Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы социалон лæггæдты комплексон центр фыццæгтимæ райдыдта сабиты бæллицтæ æххæст кæнын. Уæлдай æргом аздæхтой, фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæм.  30 лæппуйы æмæ чызджы ног азы ахсджиаг фæндтæ фæзындысты Центры бæллицты заз бæласыл.

Сæ бæллицтæ чи ныффыста, уыдон ныр тынг æнхъæлмæ кæсынц бæрæгбонмæ. Бæллицты заз бæласæй шартæ ацы аз исынц бизнесы минæвæрттæ дæр. Сæйраг диссæгтæ аразджытæ сты – мобилон техникæйы сервисон центрты кусджытæ.

Аслан цæры йæ нана æмæ дадаимæ. Цард афтæ рауад, æмæ ныййарджыты хъарм лæппу цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ æххæстæй нæ банкъардта. Лæппуйыл цæуы 5 азы, æмæ æууæнды – æппæтæй стырдæр лæвæрттæ кæддæриддæр заз бæласы бын не ссардзына. Йæ мгæрттæн Асланы зæрдæ зæгъы царды хорздзинæдтæ.

Æргомзæрдæ, хæлар æмæ рæстуд лæппу йæ нанаимæ ахуыр кæны стыр фидæнмæ бæллыныл. Уым та у райдзаст æмæ рæсугъд. Аслан бæллы хæдзæрттæ æмæ горæттæ аразынмæ.

Рæсугъд фидæнмæ бæллы 10 аздзыд Эрик дæр. Ног азмæ æнхъæлмæ касти скейтбордмæ.

Активон спортивон æрыгон лæппу уал нысантæ æвæры хæстæгдæр сæрдмæ. Канд йæхи фæлтæрддзинадыл не фтаудзæн, фæлæ ма скейтбордыл ахуыр кæндзæн йæ кæстæр æфсымæрты æмæ хоты. Эрик у хистæр сывæллон бирæ бинонты хсæн. Козаты бинонты ис 5 кæстæры. Уыдонæй æртæйы райстой хъомыл кæнынмæ. Эрикы хъуыдымæ гæсгæ амондæн ис хуымæтæг формулæ. Ома амонд æмдзу кæны уарзондзинадимæ æмæ кæрæдзи æмбарынимæ.

Ильяйы ирд æнкъарæнтæ, Эрикы мидбылхудт, ныфсхаст Асланы сæрæн къухайст. Æппæт ацы миниуджытæ цины нкъарæнтæ хæссынц сæ хиуæттæн, æмæ сын тынг хæстæг чи сси, уыдонæн. Цин кæнынц ныййарджытæ дæр. Уыдонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйрагдæр у сæ кæстæрты æнæниздзинад, æмæ цæмæй кæддæриддæр сæ фарсмæ амондджынæй уой, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania