филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 понедельник, 09 июня 2025
20 мая 2025, 10:43
Æппæтуæрæсеон акци «Музейты æхсæв» ацы аз баиу Мæздæджы районы центры Бæстæзонæн музейы 55 азы бонимæ

Юбилеймæ наукон кусджытæ бацæттæ кодтой тематикон равдыст, аргъуан байгом кæнынимæ баст уникалон къамтимæ

Æппæтуæрæсеон акци «Музейты æхсæв» ацы аз баиу Мæздæджы районы центры Бæстæзонæн музейы 55 азы бонимæ. Юбилеймæ наукон кусджытæ бацæттæ кодтой тематикон равдыст, аргъуан байгом кæнынимæ баст уникалон къамтимæ. Документты хсæн ма фенæн ис, 1970-йæм азы музей байгом кæныны тыххæй афишæ. Музейы кусджытæн арфæйы ныхæстæ ракодтой ветеранты советы уæнгтæ, Мæздæджы хæлардзинады хæдзары кусджытæ, депутаттæ, æхсæнадон архайджытæ, стæй Мæздæджы разамынд. Акци «Музейты æхсæв» æххæст кæнгæйæ, поэттæ Елена Чухлебова æмæ Евгений  Инюшкин адæмы размæ рахастой сæ ног æмдзæвгæтæ. Мæздæджы цæрджытæн ма рæсугъд æмæ ирд æнкъарæнтæ балæвар кодтой сывæллæтты сфæлдыстады Центры æмæ районы культурæйы галуаны хъомылгæнинæгтæ, хъазахъхъаг зарæджы ансамбль «Теркæгтæ», стæй Троицкæйы хъæуы æвзонг хъазахъхъæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania