филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 28 сентября 2024
16 июня 2021, 14:19
Æппæтуæрæсеон донорты акци райдыдта нæ республикæйы

Йе вæрæн æм бахæссын бирæты бафæндыд. Фæлæ уый нæхынцгæйæ, Цæгат Ирыстоны æппынæдзухдæр туг нæ фаг кæны

Туг ратгæйæ – адæймаджы цард аирвæзын кæнын… Æппæтуæрæсеон донорты акци райдыдта нæ республикæйы дæр. Йе вæрæн æм бахæссын бирæты бафæндыд. Фæлæ уый нæхынцгæйæ, Цæгат Ирыстоны æппынæдзухдæр туг нæ фаг кæны. Туджы банк фæхъæздыгдæр кæнæн ис мобилон станцæйы фæрцы. Фæкусы алы районы дæр. Ацы хатт та медиктæ абалц кодтой Горæтгæрон районмæ. Цавæр куыст дзы бакодтой, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Адджинæгтæ, риуылдаргæ нысантæ æмæ арфæйы ныхæстæ. Радон донор йе вæрæн бахаста искæйы цард аирвæзын кæнынмæ. Алы бон ацы службæ республикæйы рынчындæттæм арвиты 15-20 литры туг. Хъæугæ та кæны алы хатт дæр.

Къуырийы дæргъы райсомы 9-æй 14 сахаты онг алкæмæн дæр фадат ис тугдæттæн службæмæ бацæуынæн æмæ донор суæвынæн. Республикæйы районты цæрджытæн та сæрмагондæй кусы цæугæ станцæ.

Ацы хатт абалц кодта Октябрьскæмæ. Туг алы бон дæр кæй хъæуы, уый тыххæй медиктæ се ппæтæй хуыздæр зонынц.
Уымæ гæсгæ Горæтгæрон районы рынчындоны кусджытæй бирæтæ свæййынц донортæ. Зæгъæм, Цхуырбаты Мæдинæ ныридæгæн у фæлтæрдджын донор.

Донорты фарсмæ арæх æрбалæууынц Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæдон къорды уæнгтæ. Донорты акциты æрыгон адæм фæархайынц рæстæгæй-рæстæгмæ.

Ацы адæм та сфæнд кодтой стæджы магъзы донор суæвын. Медицинон центры разамонæг Гаглойты Алан ахæм уынаффæ рахаста, Олег Тиньковы тыххæй документалон киноныв куы федта, уæд. Уым ныхас цæуы, æнæзонгæ донор зындгонд бизнесменæн куыд баххуыс кодта, ууыл.

Гаглойты Аланы хъæппæрис хорзыл банымадтой йе мкусджытæ дæр. Æмæ уыдоны фæрцы стæджы магъзы донорты регистр фæхъæздыгдæр 50 адæймагæй.

Стæджы магъзы донорты фæрцы фадат ис уæззау рынчынты аирвæзын кæнынæн. Уымæ гæсгæ цас фылдæр адæм уа регистры, уыйас искæйы цард аирвæзын кæнынæн дæр ис фылдæр гæнæнтæ.
4 адæймаджы Цæгат Ирыстонæй ныридæгæн систы стæджы магъзы донортæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ 4 уæззау рынчыны аирвæзын кæнынæн фæзынд æцæг фадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania