Уый фæуæлахиз 19 ныхмæлæууæгыл республикæйы алы районтæй
Æппæтуæрæсеон конурс «Хъæуккаг постхæссæг»-æн регионалон къæпхæны финалист сси Хъарман-Сындзыхъæуы цæрæг Æбиты Ритæ. Уый фæуæлахиз 19 ныхмæлæууæгыл республикæйы алы районтæй. Ритæйæн йæ фæллойадон стаж у 30 азæй фылдæр. Уымæй дарддæр ма йын ис раппæлинаг хъуыддæгтæ, у 13 хъæбулы хъæбулы нана. Цæгатирыстойнаг постхæссæг нæ республикæйы кад хъахъхъæндзæн федералон къæпхæны Мæскуыйы. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Хызын æмбырдгæнгæйæ иу цæстæй æркæсын р еспубликæйы æмæ районты газетты фыццаг сыфтæм – йе *рвылбоны куыст. Уарзы республикон мыхуыры фæрæзтæй хабæрттæ базонын, фæлæ йын уæлдай æхсызгондзинад хæссы уыдон адæмæн сæ хæдзæрттæм хæццæ кæнын. Æбиты Ритæ 30 азы дæргъы кусы посты хайады. Æнæнхъæлæджы цы дæсныйад равзæрста, уый сси йæ царды сæйраг куыст.
Алы бон дæр Ритæ æрзилы 200 хæдзарыл. Алкæцыйы дæр æм зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц. Иутæн пенси *рбахæссы, иннæтæн ног хабæрттæ радзуры, кæмæдæр та йæхæдæг байхъусы. Йе *мхъæуккæгтимæ йын æрмæст хорз ахастдзинæдтæ нæй, у сын хион. Уый у йæ куыстмæ, æмæ йæ писмотæ æмæ газеттæ цы хæдзæрттæм бахонынц, уыдоны цæрджытæм уарзондзинад æвдисæн.
Постхæссæджы куыст æнцон нæу, бирæтæ дзы нæ сарæхсдзысты. Фæлæ Ритæ зындзинæдтæй нæ тæрсы. Йæ зæрдыл ма хорз лæууы, ирд ахуырст нывтæгонд журналтæ цы постхæссæг хаста, уымæ сывæллонæй куыд æнхъæлмæ каст, уый. Уыцы мысинаг йемæ баззад ныры онг. Уæвгæ цы сты 200 хæдзары?! Хъæуккаг фæндагыл – дыууæ сахаты бæрц физкультурæ æмæ æнæхъæн бонæн æхсызгон æнкъарæнтæ.
Ритæмæ никуы фæзынд йæ куыст аивыны хъуыды. Мæнæ ныр дæр – æппæтуæрæсеон конкурс «Хъæуккаг постхæссæджы» регионалон къæпхæны финалист йæхи хъуамæ фæндагмæ рæвдз кæна. Мæскуыйы йæм æнхъæлмæ кæсынц, фæлæ куыд абалц кæна, адæмæн газет тæ нæ байуаргæйæ. Æппæты разæй куыст, иннæ хабæрттæ уый фæстæ. Ахæм бæрнон ахасты руаджы бантыст Æбиты Ритæйæн конкурсы фыццаг къæпхæн рамбулын.
Æбиты Ритæ хуыздæрыл нымад æрцыд къамисы *взæрст 20 конкурсанты *хсæн. Къæпхæны уæлахиздзау та сбæрæг кодтой адæм хъæлæсгæныны руаджы. Конкурс «Хъæуккаг постхæссæг» у парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ Уæрæсейы хъæуккаг фæсивæды Цæдисы иумæйаг проект. Йæ архайджытæ сты, 50 мин адæймаджы кæм цæры, ахæм хъæуты посты бастдзинады минæвæрттæ – æнæхъæн бæстæйæ 3 мин адæймагæй фылдæр. Ерысæй уæлдай проект саразджытæ сæ размæ æвæрынц ахсджиаг хæстæ.
Тагъд рæстæг Æбиты Ритæ Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзæн федералон къæпхæны. Уый у бæрзонд уæлвæзад, фæлæ хъæуы депутат, 13 хъæбулы хъæбулы нана ницæуыл тыхсы – царды алывæрсыг хъуыддæгтыл рагæй ахуыр у. Бæлвырдгонд ын у, мæскуыйаг жюрийы уæнгты зæрдæтæ цæмæй æлхæндзæн, уый. Йæ профессионалон зонындзинæдтæ æмæ бæрнондзинадæй уæлдай æххæст у, адæмæн æхсызгондзинад чи хæссы, ахæм сæйраг миниуджытæй – уæздан мидбылхудтæй æмæ фæлмæн зæрдæйы уагæй




