филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:12 суббота, 28 сентября 2024
17 февраля 2020, 12:37
Æрæджы æппæтадæмон турниры тагъд нымайынæй сси уæлахиздзау

Æмæ лæварæн ацæудзæн Туркмæ

Æрæджы æппæтадæмон турниры тагъд нымайынæй сси уæлахиздзау. Æмæ лæварæн ацæудзæн Туркмæ. Цавæр сгуыхтдзинæдтæ ма ис Чсиаты Вячеславмæ, æмæ куыд райдыдта йæ фыццаг къахдзæфтæ менталон арифметикæйæ, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Чсиаты Вячеславы æрты азы бæркад. Кубоктæ æмæ майдантæ ерысы бацыдысты дипломтæ æмæ кады гæххæттытимæ, ома  фылдæр æм цы ис. Хæррзиуджытæ лæвæрд сты тагъд нымайыны хорз æнтыстдзинæдты фæдыл. Менталон арифметикæйы скъоламæ йæ рбакодта йæ мад. Фæстаг аз лæппу йæхæдæг йæхиуыл кусы. Архайы интернеты сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Абон Славик ис  хуыздæрты хсæн. Æрæджы фæуæлахиз æппæтадæмон турниры. Уый размæ дæр, 2018-æм азы  рамбылдта æмæ ацыд Китаймæ, ныр та йæ балц уыдзæн Туркмæ.

Менталон арифметикæйыл сахуыр кæнæн ис алкæй дæр, фæлæ дзы стыр æнтыстдзинæдтæ се ппæтæн не нтысы. Славичы бон сси алыхуызон æппæтадæмон турнирты уæлахиздзау уæвын.

Ныртæккæ лæппуыйыл цæуы 12 азы, иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ ахуыр кæны 6-æм къласы. Йæ фæнд та у программист суæвын. Тагъд нымайынæй адæмы дисы кæй фтауы, уый та йæ зæрдæмæ цæуы, зæгъы лæппу. Бирæтæ йæ хатдзæг сбæрæг кæнынц калькуляторыл нымайгæйæ. Славик та ныр йæхи цæттæ кæны ног уæлахизтæм.

Фæстаг азты менталон арифметикæ парахат кæны сывæллæтты хсæн. Се хсæн арæзт цæуынц æппæтадæмон чемпионаттæ дæр æмæ дзы нæ республикæйы сыæвллæттæ æвдисынц хорз бæрæггæнæнтæ, дунейы сты раззагдæрты хсæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania