филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
07 июля 2022, 11:46
Æрæджы республикæйы цы тæрккъæвдатæ æрцыдысты, уыдоны фæстиуджытæ иуварс кæныны фарстатыл ныхас цыд профилон къамисы æмбырды

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, тыхджын къæвдаты, стæй цъититæ кæй тайынц, уый аххосæй цæугæдæтты доны æмвæзад кæй фæбæрзонддæр

Æрæджы республикæйы цы тæрккъæвдатæ æрцыдысты, уыдоны фæстиуджытæ иуварс кæныны фарстатыл ныхас цыд профилон къамисы æмбырды. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, тыхджын къæвдаты, стæй цъититæ кæй тайынц, уый аххосæй цæугæдæтты доны æмвæзад кæй фæбæрзонддæр. Дзанайты Барис загъта, Горæтгæрон районы коллекторы æмæ автомобилон хиды цæджындзты алфамбылай дон бахордта. Ныр хъæуы бацархайын, цæмæй ахæм уавæртæ къаддæр уа. Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ куыд иуварсгонд цыдысты, уый тыххæй радзырдта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийы хицау Александр Хоружий. Ивд æрцыд Терчы донвæд, коллекторы цæджындзы бын сæвæрдтой блоктæ. Куыстыты архайдта уæззау инженерон техникæ. Премьер-министр бабар кодта, фарстамæ лæмбынæг æркæсын æмæ Горæтгæрон районы хъæугæ куыстытæ æххæст кæныны фæдыл фæндонтæ тагъд рæстæджы бахæссын. Хицауады сæрдар ма бахæс кодта, æрдзон ресурсты æмæ экологийы министрадæн доны ресурсты федералон агентады территориалон филиалимæ, республикæйы цæугæдæтты донвæдтæ сыгъдæг кæныны мадзæлтты пъланыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania