филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 28 сентября 2024
22 декабря 2020, 12:11
Æрæфи районы ног сæргълæууæг сси Гуцъунаты Хъазыбег

Схъæлæс ыл кодтой бынæттон хиуынаффæйады æмбырды депутатты фылдæр хай

Æрæфи районы ног сæргълæууæг сси Гуцъунаты Хъазыбег. Схъæлæс ыл кодтой  бынæттон хиуынаффæйады æмбырды депутатты фылдæр хай. Раздæр ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй, районы раздæры сæргълæууæг Хидирты Батраз нысангонд æрцыд  æрдзон ресурсты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæгæй, æмæ уымæй бынат суæгъд. Æмбæлгæ фæткæмæ гæсгæ арæзт æрцыд районы сæргълæууæг сæвзарыны процедурæ.  Районы ног хицауæн раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны  сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йæ зæрдæ йын загъта æнтыстджын  куыст йæ ног бынаты. Фæбæрæг ма кодта Хидирты Батразы ахадгæ куыст Æрæфы районы сæргъы лæугæйæ, æма йын радта Кады гæххæтт. Битарты Вячеслав  районмæ æрхаста йемæ хорз  хабар. Афæдзмæ цы хъуддæгтæ конд æрцыди ам,  уымæ гæсгæ муниципалон сконд, республикæйы  иннæ районты хсæн бацахста фыццаг бынат.  Рæхджы районыл сæмбæлдзæн йæ лæвар – дæс милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania