05 марта 2025, 10:32
Æрæфы районы 4 æрыгон бинонтæн лæвæрд æрцыд сетификаттæ сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн
Уыцы бинонтæй æртæ сты бирæсывæллонджынтæ
Æрæфы районы 4 æрыгон бинонтæн лæвæрд æрцыд сетификаттæ сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Уыцы бинонтæй æртæ сты бирæсывæллонджынтæ. Иумæйагæй фæрæзты бæрц у 8 милуан сомæй фылдæр. Уыдонæй 2 милуан сомы онг радих кодтой Æрæфы районы администрацийы бюджетæй. Бинонтæн сертификаттæ радта районы сæргълæууæг Хамыхъоты Роберт. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы «Уæрæсейы Федерацийы цæрджыты æнцонвадат цæрæнуæттæй æмæ коммуналон лæггæдтæй æххæст кæныны» паддзахадон программæмæ гæсгæ. Уый стыр æххуыс у æрыгон бинонтæн хи цæрæнуат балхæнынæн æмæ сывæллæтты æмбæлгæ уавæрты хъомыл кæнынæн.
темæмæ гæсгæ




