филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:12 понедельник, 06 мая 2024
30 июля 2019, 17:05
Æрæфы районы æгуыст адæмы фарста у æппæтæй вазыгджын дæр, ам иу бынатмæ æнхъæлмæ кæсы 20 адæймаджы

Республикæйы рæстæмбис нымадмæ гæсгæ уый у 5 хатты фылдæр.

Æрæфы районы æгуыст адæмы фарста у æппæтæй вазыгджын дæр, ам иу бынатмæ æнхъæлмæ кæсы 20 адæймаджы. Республикæйы рæстæмбис нымадмæ гæсгæ уый у 5 хатты фылдæр.
Уый тыххæй Æрæфы районы социалон-экономикон райрæзты фæдыл æмбырды фехъусын кодта республикæйы куыстдæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ. Стæй фæнысан кодта бирæ куыстуатты разамонджытæ сын кæй нæ фехъусын кæнынц куысты бынат сæм суагъд уый тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ бизнесменты фылдæр хай æргомæй нæ кусы . Æмбырд ацыд республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразы разамындæй. Æрæфы районы кусын райдытой муниципалон программæ «Хæххон территориты райрæзтыл». Уым каст цæуы чысыл хъæуты цæрджытæн куысты бынæттæ агуырыны фарстамæ. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй хъæууон хæдзарадæй фæстæмæ туризм дæр хъуамæ æфтиаг хæсса бюджетмæ. Ныхас ма цыд районы рæвдауæндæтты бынæттæ фæуæрæхдæр кæныныл, фельдшерон-акушерон пункттæ аразыныл æмæ æндæр социалон ахсджиаг фаратыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania