Паддзахадон программæ «Æрыгон бинонтæ цæрæн бынæттæй сæххæст кæныны» фæрцы та фондз бинонтæн сæ уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты
Æрæфы районы æрыгон бинонтæн радтой сертификаттæ. Паддзахадон программæ «Æрыгон бинонтæ цæрæн бынæттæй сæххæст кæныны» фæрцы та фондз бинонтæн сæ уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты. Уæвгæ, программæ кусы 2008-æм азæй фæстæмæ. Йæ фæрцы Æрæфы районы 60 бинонтæй фылдæр фæхуыздæр кодтой сæ цæрыны уавæртæ. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Æрыгон бинонтæн сертификаттæ дæттыны хабар фехъусгæйæ, бабæрæг кодтам ацы аз йæ кæмæн саккаг кодтой, ахæм бинонтæй иу. Намазова Дилара Лескены цæры 13 азы, йæ цардæмбалы бинонтæ та ам раджы æрбынæттон сты. Фæлæ рæстæджы цыдимæ бинонты уавæртæ хуыздæрырдæм нæ аивтой, фæлæ февзæрдæр сты. Диларæйы хицау куы амард, уæд сæ хæдзар æрдæгкондæй баззад. Диларæйы тиуы ныхæстæм гæсгæ йе фсымæр бæргæ архайы алы куыст кæныныл дæр, фæлæ уæддæр фæрзтæ нæ фаг кæнынц цæрæнуат саразыныл хардз кæнынæн.
Диларæмæ хъусгæйæ мæ дисы æфтыдта йæ ныфс æмæ хъару. 6 сывæллоны мад архайы сæ алкæйы хорздзинадыл. Фæнды йæ, цæмæй йæ стыр бинонты алы уæнг дæр уа адæмуарзон æмæ цардмæ бæллон. Æвæццæгæн ын йæ уыцы цардмæ райдзаст цæстæнгас дæтты хъару æнæ уавæртæй йæхи хуызы зæрдрухс цард кæнынæн.
Диларæ куыд зæгъы, афтæмæй адæмы æххуысы фæрцы сæ цард у æнцондæр, фæлæ йæхæдæг дæр æнæзивæгæй кæны æппæт хъæуккаг куыстытæ дæр. Дары фос, кæрчытæ, бакусы сæ цæхæрадоны.
Ацы бирæсывæллонджын бинонтæ фенгæйæ æнæбацин кæнæн нæй цы паддзахадон программæ сын феххуыс кæндзæн сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, ууыл.
Боны дæргъы Намазовты бинонтæ сæхи цæттæ кодтой Лескенæй Цыколамæ æрбацæуынмæ. Тынг æнхъæлмæ кастысты, сертификат сæ къухтыл кæд сæмбæлдзæн, уымæ.
Æмæ ралæуд уыцы рæстæг. Уæвгæ уыцы хорздзинадæй ацы хатт фæхайджын сты Æрæфы районы цæрæг фондз бинонтæ. Сæ фылдæр сты бирæсывæлонджынтæ. Æрæфы районы разамынд бацархайы сертификаттæй уæлдай ма сын зæрдылдарæн лæвæрттæ скæныныл дæр.
Ацы бинонтæй алкæцы дæр иу æмæ дыууæ боны не нхъæлмæ каст ацы цаумæ. Фæлæ куыд фæзæгъынц – ныхæстæ сæхиуыл хъуыддагæй бавзарын кæмæн бантыст, уыдоны номхыгъдмæ хаст æрцыд. Намазовты бинонтæ сæ уавæртæ куыд фæхуыздæр кæндзысты, уый кой та ма кæндзыстæм нæ фидæны равдыстыты.




