Радон мадзал бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд
Куыд алы аз, афтæ та ныр дæр, респуликæйы районты арæзт æрцыдысты кафты фестивальтæ. Æрæфы районы йæ саразынц, зындгонд аивадон архайæг, кафæг Тотойты Хъазыбеджы номыл. Радон мадзал бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.
Æрæфы районы Тотойты Хъазыбеджы ном стæм адæймаг нæ зоны. Йæ кой баст у национ аив кафт æмæ райдзаст цæстæнгасимæ. Уый тыххæй Æрæфы районы йæ номыл кафты фестивалы архайджытæй алчидæр фæбæрæг кодта.
Адæмон кафты аивадæн националон сфæлдыстады ис йæхи, æнæбафæзмгæ бынат. Йæ фæрцы адæмыхæттытæ иу кæнынц, кафты æвзаг свæййы сæ лымæндзинады миниуæг. Уыимæ дзурæг у нæ фыдæлты бирæ традицитыл.
Кафты фестивальмæ, зæрдиагæй, фенхъæлмæ кæсынц Æрæфы районы хъæуты культурæйы артдзæстыты кафты къордтæ. Радон хатт сын вæййы фадат Тотойты Хъазыбеджы курдиатæй, сæхи хуызы, æрбацæуджыты фæхайджын кæнынæн. Кафты ансамбль «Хæзныдон» се мном хъæуы кусы 30 азмæ хæстæг. Йæ разамонæг Гæдзаонты Анатолий та Тотойты Хъазыбеджы царды хабæрттæ искæй ныхæстæй нæ зоны.
Ацы аз фестивалы жюрийы уæнгты размæ хаст æрцыд 30 кафтæй фылдæр. Уыдысты алы хуызтæ, стæй сæ кодтой алы кары скъоладзаутæ. Æнæмæнг сæ фылдæры фæндыд, адæмы цурмæ рахæссын Хъазыбеджы уарзондæр кæфтытæ. Тотойы-фырт ансабль Алан-ы кафгæйæ бирæ бæстæты равыдста йæхи дæнцæгæй ирон нæлгоймаджы миниуджытæ. Бирæтæн сси, эталон кæй фæхонын, ахæм. Йæхиуæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй – æрдзæй лæвæрд цы хъуыддаг уа, уымæн цыфæнды рæстæг дæр адæмы цурмæ æнæ рахæссæн нæй.
Иу фестиваль иннæмæй мидисджындæр куыд уа, ууыл бацархайынц Æрæфы районы культурйы управленийы разамонæг, стæй Цыколайы культурæйы галуаны разамынд. Мадзалы æппæт архайджытæн дæр уыд фадат Тотойты Хъазыбеджы тыххæй видеоæрмæгмæ бакæсынæн, æмæ цæстуынгæ æрмæгæй, тынгдæр, банкъарын –Тотойты Хъазыбеджы уды кафтæн цы бынат уыд, уый. Пенсимæ рацæугæйæ Хъазыбег Цыколайы фæсивæды дæр фæхайджын кодта йæ кафтмæ уарзондзинадæй. Ныр ын мысынц куыд йæ аив кафт, афтæ йæ фæзминаг уды миниуджытæ дæр.