филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:56 понедельник, 06 мая 2024
10 октября 2023, 11:45
Æрæфы районы байгом моделон чиныгдон

Уый у æнцон архайæн, ис дзы цалдæр тематикон къуымы

Фæстаг рæстæг  удварны хæзнатыл дзурæг хъуыддæгтæм уæлдай цæстдард кæй ис, уымæн æнæ бафиппайæн нæй. Рæстæджы цыдимæ фæрайдзастдæр сты Цæгат Ирыстоны чиныгдæттæ. Уыимæ та ма  сæ уавæртæ дæр ивд цæуынц нырыкконтæй. Æрæфы районы ис 15 чиныгдоны, сæ фылдæр сты бындурон цалцæггонд. Ныр та ма дзы байгом моделон. Ацы хъуыддагмæ бирæтæ бæллынц. Цæмæн , уый  нын радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Царды домæнтимæ æмдзу кæнгæйæ! Æнхъæл дæр цы хъуыддагæн нæ кастысты, ууыл цин кæнынц Æрæфы районы Лескены цæрджытæ. Хъæуы чиныгдон сси нырыккондæртæй. Ууыл бацин кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы культурæйы министр, Æрæфы районы разамынд, сыхаг хъæуты минæвæрттæ, армдæснытæ, хъæуæй рацæуджытæ. Алкæйы бон дæр дзы фенæн уыд   диссаджы равдыст. Æвæрд дзы æрцыд рагон дзаумæттæ, хæринæгтæ,  стæй хъæуы цæрджыты  конд куыстытæ. Мадзалыл цин кæнынц куыд хъæуы цæрджытæ, афтæ йæ рацæуджытæ дæр.

Уыцы хорздзинад саразын, къухы бафтыд, Тотраты Зауырбег сын сæ чиныгдонæн цы проект сарæзта, уый сæрмагонд конкурсы кæй рамбылдта, уый фæрцы. Стæй ма йæм йе вæрæн бахаста Лескенæй рацæуæг Хъараты Вячеслав. Уый у арæзтадон куыстуаты сæргълæууæг, æмæ йæхимæ ацы объектыл бакусыны хæс райсгæйæ йæ бафæндыд  йæхи æвæрæн дæр бахæссын сывæллæтты райдзаст фидæнæн мадзалмæ

Куыд федтан, афтæмæй, чиныгдоны равналæнтæ æрмæст фылдæр нæ фесты, фæлæ ма йæ уавæртæй йæхимæ вазы  алы кары адæмы

Чиныгдоны æппæт коллектив дæр тынг зæрдиагæй сæхи бацæттæ кодтой йæ байгом кæныны мадзалмæ. Æмбарынц æй-  ахæм чыныгдон районы кæй нæй. Республикæйы у дыккаг

Моделон чиныгдоны у æнцон архайæн, ис дзы цалдæр тематикон къуымы. Æрмæст дзы зæрдæхæлардзинады комулæфт кæй æнкъары адæймаг, уый дæр кæуылты у.

Моделон библиотекæн райдзаст фидæн кæй ис, ууыл гуырысхо ничи кæны. Лескены алы цæрæг дæр ыл сæмбæлд зæрдиагæй. Уæвгæ ацы хъæуы хицауад æмæ йæ цæрджытæ стыр æвæрæн хæссынц, сæ уарзон Лескены фарныл æфтауынмæ, йæ цæрджытæн хуыздæр фадæттæ кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania