филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:26 суббота, 31 января 2026
08 ноября 2022, 11:26
Æрæфы районы дарддæр цæуы Цыколайы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад

Ног трассæ фадат ратдзæн хъæуккаг уынгтæ транзитон транспортæй суæгъд кæнынæн

Æрæфы районы дарддæр цæуы Цыколайы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад. Ног трассæ фадат ратдзæн хъæуккаг уынгтæ транзитон транспортæй суæгъд кæнынæн. Ног фæндаг баиу кæндзæн районы центр æмæ Хæххон Дыгургомы хъæутæ 8 километры дæргъы фæндаггон кусджытæ кусынц райсомæй суанг изæрдалынгтæм. Уæвгæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц рæвдз. Специалисттæ пайда кæнынц æппæт хъуæг техникæйæ. Фæндаджы уæрх конд уыдзæн афтæ, цæмæй дзы уа дыууæ фарсы дыууæрдæм цæуынæн дæр. Уыцы нысантæн радих кодтой 950 милуан сомы онг. Ацы аз ма цæудзысты цæттæгæнæн куыстытæ. Объект эксплуатацийы раттынмæ нысан кæнынц 2023-æм азы кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania