филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 суббота, 28 сентября 2024
12 марта 2021, 12:18
Æрæфы районы даррддæр цæуы Цыкола – Мацута – Комы-Арт-æй фæндаджы реконструкци

Арæзтадон куыстытæ цæуынц дыууæ къæпхæнæй

Æрæфы районы даррддæр цæуы Цыкола – Мацута – Комы-Арт-æй Гæлиатмæ автомобилон фæндаджы реконструкци. Арæзтадон куыстытæ цæуынц дыууæ къæпхæнæй. Ацы хъуыддæгтæн дихгонд æрцыди 800 милуан сомы. Фæндаджы æмæ 5 хиды арæзтад къухы бафтыди федералон программæ «Туризм», æххæстгæнгæйæ. Фæндаджы иумæйаг дæргъ у 21 км, пайда кæнынмæ йæ ратдзысты ацы азы кæрон. Реконструкцийы фæрцы фæхуыздæр уыдзæни, туристон базæтæм чи цæуы, уыцы инфраструктурæйы уавæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania