Ивд æрцыдысты стырдæр бастыхаймæ.
Æрдзон хорзæх. Адæймаг йе рвылбоны цард æнæ донæй нæ уыны. Нырыккон уавæрты дæр алцыдæр баст у уыимæ. Уымæ гæсгæ – донæй ифтонг кæныныл кусынц бирæ адæм. Йæ рацарæзты фæстæ, не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта, республикæйы доны куыстуаты Æрæфы районы хайад. Йæ архайды тыххæй нын радзурдзæн Сосранты Жаннæ.
Доны арæхæн дæ цард – ахæм арфæ хуымæтæджы нæ баззад. Ацæгæй дæр æнæ донæй удгоймагæн æнцон нæу. Уыцы хъуыддаг æмбарынц Æрæфы районы Ирыстоны донæй æххæстгæнæн куыстуаты хайады. Адæмы цур сты алы афон дæр.
Цориты Руслан кæд ацы куыстуаты сæргъы рагæй нæу, уæддæр йæ размæ цы фæлтæрдджын кусджытæ уыд, уыдоны архайдмæ кæсгæйæ йæ йын абон у æнцондæр. Æрæфы районы доны цыдимæ баст фарстайæн дзуапп райсыны тыххæй ам цæттæ æдзухдæр. Ныртæккæ куыстуаты уавæртæ куыд фæуæрæхдæр сты, уый хæнцгæйæ та сæ разæнгарддзинад фæфылдæр.
Æрæфы районы доны куыстгæнæг хайады коллективæй уырнгæ дæр нæ кæнынц сæ абоны уавæртæ. Ивд æрцыдысты стырдæр бастыхаймæ.
Куысты уавæртæ хорз сты, адæмæн дæр лæггад цæуы афоныл, фæлæ ма адæмимæ кусгæйæ иу хъуыддаг , хатгай свæййы фарстайаг, зæгъы Æрæфы районы доны хайады сæргълæууæг Цориты Руслан. Зынгомау у адæмæй доныл фиддонтæ æрæмбырд кæнын. Кæд æмæ алы хъæуы дæр кусы уыцы хъуыддагыл сæрмагонд адæймаг , уæддæр цæмæдæр гæсгæ , хæстæ фылдæр кæнынц.
Бабæрæг ма кодтам донæй æххæст кæнæн хайады уæлæмхасæн кусæн бынат дæр. Федтам сæ кусæн дзаумæтты къæбиц куыд æххæст у уый. Цæттæ сты уайтагъд æлы хуызы донæрлæуды хъуыддагыл бакусынмæ. Сæ ног техникæ дæр æххæст у хъæугæ кусæн æрмæгæй.
Æрæфы районы доны куыстгæнæн хайады архайдмæ кæсгæйæ æмбæлы зæгъын , республикæйы æмвæзады ацы къабазы цы ивддзинæдтæ æрцыд уыдон адæмы æнцондзинадыл кæй ахадынц, уый.




