филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:31 воскресенье, 01 февраля 2026
23 декабря 2019, 12:00
Æрæфы районы фесты цæугæдон Æрæфы сæрты хиды арæзтадыл куыстытæ

Ацы хабар хъусын кæны республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты пресс-службæ

Æрæфы районы фесты цæугæдон Æрæфы сæрты хиды арæзтадыл куыстытæ. Ацы хабар хъусын кæны республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты пресс-службæ. Сæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ объект йе куыст кæнын хъуамæ райдайа ацы къуыри. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хиды арæзтады аргъ у 560 млн сомы, сæ фылдæр хай сты федералон фæрæзтæ.

Ног хид дзуапп дæтты æппæт нырккон домæнтæн. У 114 метры. Зæронд хидæй у уæрæхдæр æмæ фидардæр. Йæ арæзтад хаст æрцыд паддзахадон программæ «Строительство уникальных искусственных сооружений»-мæ. Ног хид баиу кæндзæн Æрæфы районы сыхаг хъæутæ. Фæндаджы арæзтадмæ йæ цæст дардта Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитет. Арæзтадон æрмæджыты хæрзхъæддзинад бæрæг кодтой сæрмагонд лабораторийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania