филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 воскресенье, 01 февраля 2026
06 июня 2023, 11:34
Æрæфы районы хъæууонхæдзарадон зæххыты 1200 гектарæй фылдæр хъыгдард баййæфтой æрдзон фыдбылызтæй

Уый тыххæй  аппаратон æмбырды фехъусын кодта Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омар

Æрæфы районы хъæууонхæдзарадон зæххыты 1200 гектарæй фылдæр хъыгдард баййæфтой æрдзон фыдбылызтæй. Иу гектар дæр дзы фæдзæхст нæ уыди. Аграритæн ма гыццыл рæстæг ис, кæцыдæр культуртæ ногæй байтауынæн. Хæрдзтæ æрынцадысты аграритæн сæхиуыл. Уый тыххæй  аппаратон æмбырды фехъусын кодта Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омар. Хъæууон хæдзарады министр Къусраты Аланы ныхæстæм гæсгæ ма республикæйы ихсæттæн службæйы ис 4 сæдæ ракетæйы бæрц. Кæд нырма сезоны райдиан у, уæддæр æрдзон фыдбылызтæй тæссаг бирæ хæттыты уыди, уымæ гæсгæ, службæ ныридæгæн бахардз кодта фæрæзты мбис. Ныртæккæ ныхас цæуы, ног снарядтæ балхæныныл. Бахъæудзæн сын 12 милуанмæ хæстæг. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ радзырдта, иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Математикæ æмæ уырыссаг æвзагæй фæлварæнты закъонхæлдтытæ не рцыди. Знон та рауагъдонтæ сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой физикæ æмæ историйæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзоблаты Зураб куыд загъта, афтæмæй доны станцæйы куыстытæ дæр кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Ныссыгъдæг ын кодтой йæ бын æмæ ныр бассейн дзаг кæнынц донæй. Уымæй уæлдай дзы сарæзтой ног бассейн дæр. Кæронмæ фæхæццæ кæнынц волейболæй æмæ баскетболæй хъазæн фæзтæ дæр. Дзанайты Барис дзуапдæттæг куыстуæтты разамонджытæн бахæс кодта, республикæйы æппæт доны объектты дæр æдасдзинады мадзæлттыл бæстонæй бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania