филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:05 пятница, 17 мая 2024
05 октября 2022, 11:21
Æрæфы районы кæронмæ фæхæццæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ

Пъланмæ гæсгæ сбæрæг кодтой æппæт хъармгæнæн агтæ, аивтой зæронд донцъирæнтæ, бакуыстой, цы аиппдзинæдтæ ма дзы уыди, уыдоныл

Æрæфы районы кæронмæ фæхæццæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Пъланмæ гæсгæ сбæрæг кодтой æппæт хъармгæнæн агтæ, аивтой зæронд донцъирæнтæ, бакуыстой, цы аиппдзинæдтæ ма дзы уыди, уыдоныл. Районы æппæт рæвдауæндæтты ныридæгæн хъармгæнæн системæ скуыста. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Æрæфы районы æппæт хъармгæнæнтæ цæттæ сты уазæлтты рæстæгмæ. Райдайдзæн 15-æм октябры. Сæрды специалисттæ сбæрæг кодтой æмæ аргъ скодтой æппæт системæйы цæттæдзинадæн. Куыстыты рæстæг бацæттæ кодтой Æрæфы районы территорийы бюджетон куыстуæттæн чи лæггад кæны, уыцы 40 хъармгæнæны, уыцы 40 хъармгæнæны. Ныртæккæ муниципалон сконд æнхъæлмæ кæсы, хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæй у, уымæн æвдисæндар райсынмæ. Фæстаг цалдæр азы Ирыстоны хъæуты бирæ хорзхъуыддæгтæ арæзт цæуы адæмы æнцон цардæн. Лескены хъæу, кæд республикæйы центрмæ дардгомау у, уæддæр æм хæццæ кæны алыхуызы националон программæты æххуыс.   Æрæджы дзы, бындурон цалцæджы фæстæ байгом  скъола. Йæ раздæры уавæр бæллиццаг нæ уыд. Уæлдайдæр зымæджы. Рудзгуытæ дзы кæй нæ уыд, уымæй дзы бынтон хъар нæ уыд. Стæй май æ хъармгæнæн дæр уыд ногдæртæй нæ уыд. Ныр зымæгыл æмбæлынц нырыккон гæнæнтимæ. Скъолайы кæрты сарæазтой ног хъармгæнæн бынат æмæ сын дзы сæвæрдтой ног хъуыддæгтæ.

Ацы хъармгæнæны дæс азмæ хæстæг цы Хъамболты Арсен кусы, уый искæй ныхæстæй нæ зоны, раздæры уавæрты куысты хабар.

Уæвгæ Æрæфы районы коммуналон хæдзарады ацы къабазы куыст рагæй дæр у бæрзонд æмвæзадыл. Цæстдард цæуы алцæмæ дæр. Районы адмистраций сæргълæууæг Лагкуты Омары хъуыдымæ гæсгæ, æгас азы мидæг дæр уыцы системæмæ хъуамæ каст цæуа.

Æрæфы районы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Тотойты Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй  дзы цы 40 хъармгæнæны ис, уыдон цæттæ сты зымæгмæ, адæмæн хъарм хæссынмæ. Цы сæрмагонд службæ сæм ис, уый та йæ  цæстæ дары хъармгæнæнты куыстмæ, фæздæгдзæуæнты уавæрмæ.

Куыд федтам, афтæмæй ныртæккæ Æрæфы районы уагдæттæ æххæст сты æппæт хъуыддагтæй дæр. Куыд бамбæрстам, афтæмæй сæм хæстæг у нæ фыдæлты хъуыды – дзонæгътæ зымæгмæ уалдзæджы цæтты кæнгæ  кæй сты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania