филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:06 воскресенье, 14 декабря 2025
27 ноября 2019, 12:40
Æрæфы районы кæронмæ фæхæццæ кæнынц, цæугæдон «Урух»-ы сæрты цæуæг хиды цалцæггæнæн куыстытæ

Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы фæндæгты хæдзарады комитет

Æрæфы районы кæронмæ фæхæццæ кæнынц, цæугæдон «Урух»-ы сæрты цæуæг хиды цалцæггæнæн куыстытæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы фæндæгты хæдзарады комитет. Ныридæгæн фæндагæн йæ быннаг хай æмбæрзынц асфальтæй. Пъланмæ гæсгæ, фæндаг хъуамæ æмбæрзт æрцæуа иннæ къуыримæ.  Фесты уал, хидмæ дыууæ рдыгæй бацæуæнты хуыр калд, стæй куыст цæуы хиды фæрстæ фидар кæныныл. Уыцы æппæт гæнæнты фæрцы  фæндаг уыдзæн хæрзхъæддæр. Рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хиды арæзтады аргъ сæхæццæ 560 милуан сомы, сæ фылдæр хай сты федералон фæрæзтæ. Объект эксплуатацийы хъуамæ лæвæрд æрцæуа ацы азы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania