филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 28 сентября 2024
16 декабря 2021, 11:03
Æрæфы районы кусынц Задæлескы Нанайы хæдзар-музейы алфамбылай саив кæныныл

Куыстытæ райдыдтой, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ

Æрæфы районы кусынц Задæлескы Нанайы хæдзар-музейы алфамбылай саив кæныныл. Куыстытæ райдыдтой, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Сæ цыд сын федта не сфæлдыстадон къорд. Æмæ нын бæстондæр сæ кой ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Задæлескы Нанайы хæдзар зындгонд у дзыллæтæн. Саразтой йын æй йæ сывæллæттæ. Ирыстоны ацы бынат нымад у  кувæндоныл. Йæ кæртмæ бацæугæйæ дæр адæймагæн æнæ йæ сæрæй ныллæг ракувын нæ вæййы.

Мидæгæй иу уаты фенæн ис музейон экспонаттæ. Се хсæн рагон хæдзары дзаумæттæ, национ уæлæдарæс.

Æрбацæуджытæм ам æнхъæлмæ кæсынц зындгонд сылгоймаг æмæ йæ сывæллæтты сурæттæм гæсгæ конд экспонаттæ. Традицимæ гæсгæ, рагон хæдзары астæу цы рæхыс ауыгъд уыд, ахæм дæр фенæн ис. Задæлескы сæргълæууæг Хадаты Алинæйы ныхæстæм гæсгæ, бæргæ хорз уаид  экспонаттæ куы фæфылдæр уаиккой, уæд.

Кæрты астæу æрхуы аг. Раджы дзы фыхтой бæгæны. Уыцы рæстæг æй, æнæмæнг кодтой æндæрхуызон.

Уæвгæ Задалескы æрмæст сæ музейы экспонаттæй цух не ййафы,  фæлæ ма тыхсынц æндæр хъуыддæгтыл дæр. Нанайы бæрæгбоны рæстæг концертон программæ кæм саразой, ахæм фæзыл дæр тухсынц.  Уæдæ фынгтæ дæр æвæрд æрцæуынц дурджын зæххыл, æндæр гæнæнтæ дзы нæй. Ныр республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ куыстытæ райдыдтой Музейы алфамбылай  барæвдз кæныныл. Ныры онг уал æм баластой арæзтадон æрмæджытæ. Куыстыты архайынц бынæттон цæрджытæ дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй æппæт арæзтадон куыстытæн дихгонд æрцæудзæн 300 мин сомы.  Конд та хъуамæ æрцæуой  иннæ азы августы онг. Цæмæй æнцон уавæрты арæзт æрцæуа Задæлескы Нанайы бæрæгбон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania