Бетанты Марат та сси арæзтады министры хæдивæг
Æрæфы районы раздæры сæргълæууæг Лагкуты Омар нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министры хæдивæгæй. Бетанты Марат та сси арæзтады министры хæдивæг. Ацы ивддзинæдты тыххæй фехъусын кодтой Хицауады æмбырды. Ныхас ма цыд ахсджиаг социалон æмæ экономикон фарстатыл. Сæ иу баст уыд, сæрмагонд программæ «Цæрæнуæттæ Уæрæсейаг бинонтæн» æххæст кæнгæйæ, нысанмæ субсидитæ исынимæ. Арæзтады æмæ архитектруæйы министр Атарты Георгий куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн цæрæнуæттæ райсыны хыгъдмæ бахастой 24 адæймаджы. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй проект кæны парахатдæр.
Нарма уал дзы спайда кодтой 450 бинонтæ. Уыдонæй 230 æрцардысты ног цæрæнуæтты. Премьер бафтыдта – нысан кæй кæнынц ноджыдæр 200 фатеры саразын. Æмбырды ма ныхас цыд уæлæмхасæн фæрæзтæ райсыныл. Нæ республикæйæн радих кодтой 2 миллиарды æмæ 500 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ схардз кæндзысты стадион Спартачы рацарæзтыл, Дигорайы дондзæуæн проект царды рауадзыныл, стæй горæты автопаркæн æхсæнадон транспорт балхæныныл.




