филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:40 четверг, 02 мая 2024
09 сентября 2022, 10:54
Æрæфы районы сæхи цæттæ кæнынц иумæйаг æвзæрстытæм

Уым Республикæйы парламентмæ депутаттæй уæлдай æвзардзысты хъæуты сæргълæуджыты

Куыд æппæт Ирыстоны, афтæ Æрæфы районы дæр сæхи цæттæ кæнынц иумæйаг æвзæрстытæм. Уым Республикæйы парламентмæ депутаттæй уæлдай æвзардзысты хъæуты сæргълæуджыты. 14 хъæуæй дзы 12 – æн равзардзысты ног сæрдартæ. Уыимæ та ма муниципалон сконды æмбырды минвæртты дæр. Хæзныдоны хъæуы сæргълæууæг йæ хæстæй йæхи суæгъд кодта рагагъоммæ, ныр хъæуы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, æвзæрстыты фæстæ сын сæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ æхсæнадмæ чи хæсдзæн, ахæм адæймагмæ. Æвзарæн хайад цæттæ у æвзæрсыты бонмæ. Æххæстгонд у æппæт нырыккон гæнæнтæй. Æнхъæлмæ кæсынц 700 адæймагмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania