филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:21 суббота, 28 сентября 2024
26 октября 2021, 14:33
Æрæфы районы скъолатæ æмæ рæвдауæнттæ  зымæгмæ цæттæ сты

Лескены хъæу, кæд республикæйы центрмæ дардгомау у, уæддæр æм хæццæ кæны алыхуызы националон программæты æххуыс

Зымæгмæ цæттæ кæныны сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу у — адæмæн хъармдæттыны мадзæлттæ æмбæлгæ уагыл сæххæст кæнын. Уымæ Цæгат Ирыстоны лæмбынæг каст цæуы.  Районты  дæр цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарæдты уыцы фарстайыл зæрдиагæй кусынц. Сосранты Жаннæ федта Æрæфы районы скъолатæ æмæ рæвдауæнттæ  зымæгмæ куыд цæттæ сты, уый.

Фæстаг цалдæр азы Ирыстоны хъæуты бирæ хорзхъуыддæгтæ арæзт цæуы адæмы æнцон цардæн. Лескены хъæу, кæд республикæйы центрмæ дардгомау у, уæддæр æм хæццæ кæны алыхуызы националон программæты æххуыс.   Æрæджы дзы, бындурон цалцæджы фæстæ байгом  скъола. Йæ раздæры уавæр бæллиццаг нæ уыд, уæлдайдæр зымæджы. Ныр зымæгыл æмбæлынц нырыккон гæнæнтимæ. Скъолайы кæрты сарæзтой ног хъармгæнæн бынат æмæ сын дзы сæвæрдтой ног хъуыддæгтæ.

Ацы хъармгæнæны дæс азмæ хæстæг цы Хъамболты Арсен кусы, уый искæй ныхæстæй нæ зоны, раздæры уавæрты куысты хабар.

Уæвгæ, Æрæфы районы коммуналон хæдзарады ацы къабазы куыст рагæй дæр у бæрзонд æмвæзадыл. Цæстдард цæуы алцæмæ дæр. Районы адмистрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омары хъуыдымæ гæсгæ, æгас азы мидæг дæр уыцы системæмæ хъуамæ каст цæуа.

Æрæфы районы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Тотойты Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй  дзы цы 40 хъармгæнæны ис, уыдон цæттæ сты зымæгмæ, адæмæн хъарм хæссынмæ. Цы сæрмагонд службæ сæм ис, уый та йæ  цæстæ дары хъармгæнæнты куыстмæ, фæздæгдзæуæнты уавæрмæ.

Куыд федтам афтæмæй, ныртæккæ Æрæфы районы уагдæттæ æххæст сты æппæт хъуыддагтæй дæр. Куыд бамбæрстам, афтæмæй сæм хæстæг у нæ фыдæлты хъуыды – дзонæгътæ зымæгмæ уалдзæджы цæтты кæнгæ  кæй сты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania